Дональд Трамп – сæйраг уый у, цæмæй Иранмæ атомон хæцæнгарз нæй. Режимы ивд мæ никуы хъыгдардта, Ныфс мæ ис, семæ нын хорз ахастытæ кæй ис
“Сæйрагдæр уый у, æмæ Иранæн атомон хæцæнгæрзтæ нæ уыдзæн. Режимы ивд мæнæн тыхстдзинад никуы уыд”, – загъта АИШ-ы президент Дональд Трамп Катары эмиримæ фембæлды рæстæджы.
«Иунæг хъуыддаг, кæцы мæнæн æцæгæйдæр нысаниуæгджын у уый у, цæмæй Иранæн атомон хæцæнгарз никуы уыдзæн. Уыдон уый хъæрæй æмæ бæлвырдæй загътой. Иран сæ нæ сарæздзæн, нæ сæ балхæндзæн, ницы сараздзæн, æмæ кæд сарæзтой, уæд сын æнæуырнæг фæстиуджытæ æрцæудзæн. Мæ бон нæу зæгъын дæр, цавæр сты уыцы фæстиуджытæ. Ныфс мæ ис, Иранимæ нæм уыдзæн иттæг хорз ахастытæ, фæлæ сæйрагдæр уый у, æмæ сын атомон хæцæнгарз нæ уыдзæн. Уый тыххæй дæр бафыстон бадзырд», -расидтис Дональд Трамп.
Уыимæ иумæ, АИШ-ы президент банысан кодта, цæмæй Ираны режимы ивды фæдыл тыхст никуы уыд.
“Æз никуы тыхстæн Ираны режимы ивдæй. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, уый æрцыд. Режимы разамонджыты фыццаг къорд скуынæг кодтой, дыккаг къорд дæр амард. Æртыккаг къорды хай нал ис. Ныртæккæ мах кусæм тынг рационалон адæймæгтимæ. Уыдон сты тыхджын æмæ тагъд, сæ раздæры разамонджытæй зондджындæр, фæлæ радикализацигонд не сты. Фæнды сæ сæ бæстæйæн баххуыс кæнын.
Æз нæ уырны режимы ивд. Уый никуы кусы. Бæстæйæн хъуамæ хицауиуæг кæной кадæй, тасæй нæ. Куыд зонут афтæмæй, Ираны 42 мин протестгæнæг фæмард ис» – расидтис Трамп.