Дональд Трамп Паризы Олимпион хъæзтыты байгомы церемони фидиссаг мийæ хоны
АИШ-ы президенттæм кандидат Дональд Трамп Паризы Олимпион хъæзтыты байгомы церемоний фидиссаг мийæ хоны.
Уый фæдыл Трамп «Фокс Ньюсимæ» интервьюйы райхъсын кодта.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, байгомы церемони уыд æцæг фидиссаг ми» – райхъусын кодта Трамп.
Йæ дзырдæй зæгъгæ Лос Анджелесы 2028 азы Олимпиадæйы рæстæджы кæд уый президент уыдзæн, уæд мадзалыл «Сусæг æмбырд» æвдыст нæ уыдзæн афтæ, уый Паризы кауыд сарызтой.
«Махмæ «Сусæг æмбырд» афтæ æвдыст нæ уыдзæн, уыцы изæр куыд равдыстой. Уыдонæн сæ бон у бæрæг цыдæртæ аразын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый удыис æбуалгъ ми. Æз алкæмæн дæн, райсты бæрзонд æмвæзад мын ис, фæлæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдон цы сарызтой, уый уыдис фидиссаг ми», – райхъусын кодта Дональд Трамп.
Паризы Олимпиадæйы байгомы церемнийыл карз критикæ расайдта сценæ, кæцыйы критиктæ «Сусæг Æмбырды» пародийæ нымайынц.