Ираклий Къобахидзе уыдзæн Паризы Олимпион Хъæзтыты байгомы цереомнийыл
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе уыдзæн Паризы Олимпион хъæзтыты байгомы цереомнийыл.
Премьер-министр Францы сæйраг горæты вице-премьеримæ, культурæйы æмæ спорты министримæ Тея Цъулукианиимæ иумæ ис.
Паризы сæрды 33-æм Олимпион хъæзтытыл, Гуырдзыстонæй спорты 10 хуызы 28 спортсмен рацæудзæн. Гуырдзыстоны историйы фыццаг хатт, Олимпион Хъæзтытыл ерыс кæндзæн дзюдойы сылгоймæгты æмæ нæлгоймæгты æмхæццæ æмбырдгонд.
Гуырдзыстоны хицауады уынаффæйæ, алы Олимпион чемпион – милуан лари, æвзист призер – æрдæгмилуан лари, æрмæст бронзæ призер та 250 мин ларийæ схорзæхджын уыдзæн.