Дональд Трамп медикаментты æргътæ фæкъаддæр кæныны ног планы тыххæй хъусын кæны
Дональд Трамп медикаментты æргътæ фæкъаддæр кæныны ног планы тыххæй хъусын кæны

АИШ-ы президент Дональд Трамп медикаменттыл æргътæ фæкъаддæр кæныны ног планы тыххæй хъусын кæны. Трамп социалон хызæгты куыд фыссы, афтæмæй абон йæ къух æрфысдзæн æххæстгæнæн бардзырдыл, кæцы рецептæй лæвæрд препаратты æргътæ фæкъаддæр кæндзæн 30-80%.

Уый загъта, зæгъгæ, уыцы иу фармацевтон компанийы уагъд хос АИШ-ы у 5-10 хатты зынаргъдæр иннæ бæстæтимæ абаргæйæ, уый та у æнæраст.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй уыцы иу хосæн ​​æндæр æмæ æндæр бæстæты ис æндæр æмæ æндæр æргътæ, æмæ æххæстгæнæн бардзырдыл къухтæ æрфыссыны фæстæ, ацы препаратты аргъ АИШ-ы дæр уыдзæн дунейы минималон аргъы æмвæзад.