Дональд Трамп къух бафыста 2020 азы хъахъхъæнынады бюджетыл, кæцыйы мидæг ис Гуырдзыстоны кой дæр
АИШ-ы президент Дональд Трамп йæ къух бафыста 2020 азы хъахъъхæнынады бюджетыл. АИШ-ы 2020 азы хъахъхъæнынады бюджет 738 миллиард доллар у. 658 миллиард доллары, хъахъхъæнынады департаменты æмæ энергетикæйы департаменты национ æдадсзинады программæтыл бахардз уыдзæн. 71,5 миллиард доллар та фæсарæнты уадзгæ операцитæн уыдзæн рахицæнгонд.
«АИШ-ы национ хъахъхъæнынады авторизацийы акты» АИШ-ы хъахъхъæнынады департаменты бюджеты приоритеттæ сты фыст. Документы мидæг афтæдæр ис ныхас Гуырдзыстонæн æххуысы тыххæй.
Сæрмагондæй та, документы дзырдæуы, ома «Гуырдзыстон АИШ-ы тынг аргъджын партнер у æмæ бирæ хæттыты равдыста дыууæ бæстæйы иумæйаг интересты размæ рахæцынæн иузæрдыгдзинад, уый нымæцы гуырдзиаг æфсæддæтты НАТОйы мисситы хайад райсыны фæрцы».
Документы банысангонд у, цæмй «Европæйы уромыны инициативæ» Гуырдзыстонæн дæты фадат бирæ къуындæгдæр æмкуыст кæна АИШ-имæ æмæ НАТО-имæ æмæ иурæстæгонæй фæфидардæр кæна сæрмагонд хæдиргъæфхъомад.
Документы афтæдæр ис фыст уый цæмæй Гуырдзыстоны хайадæн НАТО-ы инициативæйы «Партнерад Сабырдзинадæн» егъау нысаниуæг ис АИШ-имæ æмæ НАТО-мæ æмахастытæн, афтæдæр регионы сабырдæр уавæр сифтонг кæнынæн.
«Конгресс бæлвырд кæны, АИШ-ы фарсхæцынад Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты. Уый нымадмæ нæ исы Уæрæсейы оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты Абхазы, æмæ «Хуссар Ирыстоны» хæдбардзинад, разы у æмкуысткæнынад адарддæр кæнын АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн афтæ куыд, Гуырдзыстоны хицауады тыхархайдимæ, сифтонг кæна йæ адæмы æмæ суверенон территорийы хъахъхъæдад» – дзырдæуы закъонопроекты.