Дональд Трамп  къух бафыста  2020  азы   хъахъхъæнынады бюджетыл, кæцыйы  мидæг ис  Гуырдзыстоны кой дæр
Дональд Трамп къух бафыста 2020 азы хъахъхъæнынады бюджетыл, кæцыйы мидæг ис Гуырдзыстоны кой дæр

АИШ-ы президент  Дональд Трамп  йæ къух  бафыста  2020 азы  хъахъъхæнынады бюджетыл. АИШ-ы  2020  азы  хъахъхъæнынады   бюджет  738  миллиард доллар у.  658  миллиард  доллары,  хъахъхъæнынады  департаменты  æмæ  энергетикæйы   департаменты  национ  æдадсзинады   программæтыл  бахардз уыдзæн.   71,5 миллиард  доллар та  фæсарæнты  уадзгæ операцитæн  уыдзæн рахицæнгонд.
«АИШ-ы  национ  хъахъхъæнынады авторизацийы   акты»  АИШ-ы  хъахъхъæнынады департаменты  бюджеты   приоритеттæ  сты   фыст.   Документы мидæг афтæдæр ис  ныхас  Гуырдзыстонæн   æххуысы  тыххæй.

Сæрмагондæй   та,  документы  дзырдæуы,  ома   «Гуырдзыстон АИШ-ы  тынг аргъджын   партнер у æмæ   бирæ  хæттыты  равдыста   дыууæ бæстæйы  иумæйаг   интересты   размæ  рахæцынæн  иузæрдыгдзинад, уый  нымæцы   гуырдзиаг æфсæддæтты   НАТОйы  мисситы хайад райсыны  фæрцы».

Документы  банысангонд у,  цæмй  «Европæйы уромыны инициативæ»  Гуырдзыстонæн   дæты  фадат  бирæ къуындæгдæр  æмкуыст кæна АИШ-имæ æмæ  НАТО-имæ  æмæ иурæстæгонæй  фæфидардæр кæна  сæрмагонд хæдиргъæфхъомад.

Документы афтæдæр ис   фыст  уый  цæмæй   Гуырдзыстоны хайадæн  НАТО-ы  инициативæйы «Партнерад  Сабырдзинадæн»   егъау нысаниуæг  ис  АИШ-имæ æмæ НАТО-мæ  æмахастытæн,  афтæдæр регионы   сабырдæр уавæр  сифтонг кæнынæн.

«Конгресс бæлвырд кæны,  АИШ-ы фарсхæцынад  Гуырдзыстоны  суверенитет  æмæ территорион  æнæхъæндзинадæн, йæ  æхсæнадæмонæй  нымад   арæнты.  Уый  нымадмæ нæ исы   Уæрæсейы  оккупацигонд  Гуырдзыстоны регионты  Абхазы,  æмæ «Хуссар Ирыстоны»   хæдбардзинад, разы  у  æмкуысткæнынад  адарддæр  кæнын  АИШ-ы  æмæ   Гуырдзыстоны æхсæн  афтæ  куыд,  Гуырдзыстоны  хицауады тыхархайдимæ,   сифтонг кæна йæ  адæмы æмæ   суверенон территорийы  хъахъхъæдад» –  дзырдæуы   закъонопроекты.