Дональд Трамп – Кæд æмæ абон алцыдæр хорз ацæудзæн, уæд нын уыдзæн æртæфарсон фембæлд, мæнмæ гæсгæ, уый куы саразæм, уæд нын уыдзæн æмбæлон шанс хæст фæуынæн
Дональд Трамп – Кæд æмæ абон алцыдæр хорз ацæудзæн, уæд нын уыдзæн æртæфарсон фембæлд, мæнмæ гæсгæ, уый куы саразæм, уæд нын уыдзæн æмбæлон шанс хæст фæуынæн

АИШ-ы президент Дональд Трамп Овалон кабинеты Украинайы президент Владимир Зеленскийимæ фембæлдыл расидтис, цæмæй фарсыты æхсæн бадзырд гæнæн ис æрцæуа. Дональд Трампы ныхасмæ гæсгæ, «тынг нысаниуæгджын прогресс» Владимир Путинимæ ныхасæй сырæзт.

«Украинæйы президент немæ ис. Махæн уыд тынг хорз дискусси, бирæ ныхас. Мæнмæ гæсгæ, мах æххæст кæнæм прогресс. Тынг нысаниуæгджын прогресс бирæ æрдгæй. Мæнæн уыд фембæлд Уæрæсейы президентимæ æрæджы, куыд зонут, афтæмæй, æмæ ис гæнæн, цæмæй дзы исты рауайа. Абоны фембæлд ахсджиаг у, абон нæм ис авд тыхджын лидеры Европæйæ æмæ семæ фембæлдзыстæм ацы фембæлды фæстæ ам уæвыны тыххæй», – бузныг Трампæн. загъта.

Партиты æхсæн бадзырды фæдыл фарстыл Трамп загъта: «Ай фæндаджы кæрон нæу».

«Адæм мæлынц. Мах фæнды йæ бауромын. Мæнмæ гæсгæ, махæн ис хорз шанс уый саразынæн. Уый цæуы зæгъæн ис цыппар азы. Ивгъуыд къуыри бирæ адæймаг фæмард. Дыууæрдыгæй дæр амардысты милуангай адæймæгтæ. Æз зонын президент Зеленскийы, æз зонын мæхи, æмæ мæнмæ гæсгæ, Владимир Путины фæнды йæ кæрон скæнын», — загъта Трамп.

Фарстыл, абоны фембæлд нысан кодта æви нæ Америкæйы фарсылхæцындзинад Украинæйæн, Трамп загъта, зæгъгæ, уый никуы зæгъдзæн.

«Уый никуы вæййы фæндаджы кæрон. Адæм мæлынц, æмæ нæ фæнды йæ бауромын», — загъта Трамп.

Журналист афтæ дæр бафарста АИШ-ы президенты, кæмæ æнхъæлмæ кæсы хæстæн кæрон скæнын — Путин æви Зеленский.

«Кæд абон алцыдæр хорз ацæудзæн, уæд нын уыдзæн æртæфарсон фембæлд… Мæнмæ гæсгæ, махæн уыдзæн æмбæлон фадат хæст фæуынæн, куы афтæ бакæнæм, уæд», — загъта Трамп.