Дональд Трамп Джон Маккейны мæлæты фæдыл официалон расидæн нæ сараздзæн

Дональд Трамп Джон Маккейны мæлæты фæдыл официалон расидæн нæ сараздзæн.

Дональд Трамп, сенатор Джон Маккейны мæлæты фæдыл официалон расидæн нæ сараздзæн. Уый фæдыл The Washington Post парахат кæны информаци.

Америкаг ралæвæрды информацимæ гæсгæ, президенты администраци сенаторы мæлæты фæдыл специалон расидæн бацæттæ кодта, кæцыйы Маккейны хъæбатырæй уыд хуынд. Фæлæ Урс Хæдзары лидер снысангонд расидæны рапарахат кæныны бар нæ ратта.

АИШ-ы президент социалон хыз Twitter –ы арæзт цыбыр расидæн æгъгъæдæй банымадта.

Дональд Трамп, 2015-æм азы расидтис, цæмæй Джон Маккейны хъæбатырæй нæ нымайы, уымæн æмæ Ветнамы хæсты рæстæджы уый уацары бахауд.