Донадьд Трамп хъусын кæны, цæмæй АИШ Туркæн санкцитæ сфидар кæнын ацы этапыл нæ хъавы
АИШ Турчы уырыссаг ракетон системæ «С-400»-ы сæвæрыны тыххæй, Анкъарайæн санкцитæ сфидар кеæнын ацы этапыл нæ кæсы – уый фæдыл АИШ-ы президент Дональд Трамп, медийы минæвæрттимæ фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.
Æртыццæджы бæрæг ссис, цæмæй Тур-ы ацы уынаффæйы тыххæй Вашингтон F-35-ы типы авиакунæггæнджыты арæзты фарстайы Анкъараимæ æмкуысткæнынад скъуыны. Америкаг авиакунæггæнджыты 900-ы онг детал растдæр Турчы уагъд цыдис, кæцы бæстæйæн миллиардгай доллары фесафын кæндзæн.
Америкаг фарсы скъуыддзагæй, мæсты сты Анкъарайы. Президент Редеб Тайип Эрдогъаны æххуысгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, НАТО-йы æмцæдисон бæстæты æхсæн хæрз ахастытæ химæ æруадзын, ахæм типы иуфарсон уынаффæты фоныл гæнæн нæй.