Донадьд Трамп хъусын кæны, цæмæй АИШ Туркæн санкцитæ сфидар кæнын ацы этапыл нæ хъавы

АИШ Турчы  уырыссаг  ракетон системæ  «С-400»-ы  сæвæрыны   тыххæй,   Анкъарайæн  санкцитæ сфидар кеæнын ацы  этапыл нæ кæсы –  уый фæдыл АИШ-ы президент Дональд Трамп, медийы  минæвæрттимæ  фембæлды рæстæджы  райхъусын кодта.

Æртыццæджы  бæрæг ссис, цæмæй  Тур-ы  ацы  уынаффæйы  тыххæй Вашингтон  F-35-ы  типы  авиакунæггæнджыты арæзты  фарстайы Анкъараимæ  æмкуысткæнынад скъуыны.  Америкаг  авиакунæггæнджыты  900-ы онг детал   растдæр Турчы  уагъд цыдис, кæцы бæстæйæн  миллиардгай  доллары фесафын кæндзæн.

Америкаг  фарсы скъуыддзагæй, мæсты  сты  Анкъарайы. Президент Редеб Тайип Эрдогъаны æххуысгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, НАТО-йы  æмцæдисон  бæстæты æхсæн  хæрз  ахастытæ  химæ æруадзын, ахæм типы иуфарсон  уынаффæты  фоныл гæнæн нæй.