Дохтыр Нино Гогоришвили – 2020 азы Михеил Саакашвили сæнæниз ис ковидæй, уыдис йын хуыссæджы проблемæтæ цæй тыххæй йын снысан ис психотропон препараттæ, алы дозæ уыд минималон
Раздæры президент Михеил Саакашвилийы хосгæнæг дохтыр Нино Гогоришвили хъусын кæны, цæмæй 2020 азы Саакашвили рарынчыни ковидæй æмæ сæнæниз ис, уый тыххæй цæмæй йæ хуыссæг нæ хæцыд снысан йын ис психотропон препараттæ. Дохтыры дзырдæй, зæгъгæ уый цы дозæтæй иста медикаменттæ, уыдысты минималон æмæ бауадзинаг.
Уый фæдыл Саакашвилийæн хосгæнæг дохтыр медийы минæвæрттæ фехуъсын кодта Гуры госпиталы цур. Дохтыр комментари сарызта центр «Эмпатиайы» къухдариуæггæнæг Мариам Джикарианийы фидиуæныл дæр, кæцыйы дзырдæй, зæгъгæ « ахæстоны Михеил Саакашвилийæн дæттой психотропон медикаменттæ, кæцытæ æнадекватонæй фæлхас кæнын, нымад цæуы фармакологион хъызæмарыл».
«Психотропон препаратты тыххæй куы зæгъæм, уæд 2020 азы Саакашвили фæрынчын æмæ сæнæниз ис ковидæй, æмæ йæм фæзынд проблемæтæ хуыссæгмæ гæсгæ, снысан йын ис бæрæг психотропон препараттæ. Ацы цауы базисон уыд уыцы препараттæ, кæцыты иста. Стæй хоскæныны периоды, куы йæм кастыстæм, фæбæрæг ис трансформаци. Абоны бон дæр йын ис хуыссæджы проблемæ, фæлæ йын хос кæнæм.
Дозæ иу хатт нæ уыд уæлдайджын. Алы дозæ уыдис минималон. Бæрзонд дозхæтыл ныхас дæр нæ уыд. Уый йеддæмæ ма йæ скорекци кæнын куы бахъæуа, æндæр специалисты æрбахонын куы хъæуа, уый дæр сараздзыстæм. Кæд искæцы специалистæн у йæ бон йæ раст хъуыды нын фехъусын кæна, фæлæ экран æмæ телеуынынадæй нæ фæлæ комкоммæ, уæд æрбацæуæд æмæ нын базонын кæнæд. Мах уый дæр æркæсдзыстæм æмæ кæд райсинаг уыдзæн уæд нæйы нæ зæгъдзыстæм. Препараты раргом кæнын мæ бон нæу, ай у конфиденциалон информаци. Ууыл æрныхас кодтой Мариам Джишкарианийы комисси æмæ паддзахадон комисси æмæ ацы препараттæ афтæ снысан сты. Алы комиссийы хъуыды нæ зæрдыл бадардтам. Джишкарианийы фидиуæнтæ, сты æрмæст йæхи хъуыдытæ» – райхъусын кодта Михеил Саакашвилийы хосгæнæг дохтыр.