Дмитро Кулеба – Украина нæ хъавы, ноджы та сæрмагонд æмбæстæгты тугы аргъæй бафида, партнерты æнæхъомысдзинады тыххæй, тагъд рахæссæд хатдзæгтæ  Уæрæсейы архæйдтыты фæдыл
Дмитро Кулеба – Украина нæ хъавы, ноджы та сæрмагонд æмбæстæгты тугы аргъæй бафида, партнерты æнæхъомысдзинады тыххæй, тагъд рахæссæд хатдзæгтæ Уæрæсейы архæйдтыты фæдыл

Украинай  фæсарæн хъуыддæгты министры  фиддиуæнæй,  зæгъгæ ис  трагикон фæлтæрддзинад, Уæрæсе сæрмагонд æфсæддæ  куы смаскировкæ  кодта  æмæ уырыссаг æфсады  бæрæггæнæн миниуджытæ бамбæхста Хъырымы оккупацийы æмæ Донбасы æфсæддон  архæйдты рæстæджы.

«Уæрæсейæн  йæ бон у  растхаххонæй ма архайа, уый тыххæй  Украина   не сразы  уыдзæнис ницы  æмбарынгæнæнтæ раттыны архайдимæ, цыма Уæрæсейы  фæуромынæн  исты саразын нæ хъæуы, уымæн æмæ   «нæй æгъгъæдæй масштабон лæбурд», кæнæ  та нæй  «хъаугæ  бæлвырдгæнæнтæ»,  цæмæй  уый  уырыссаг æфсæддæ сты, кæнæ та  фæнды  фермертæ,  æрзæткъахджытæ кæнæ та  æбæрæг «чысыл кæрдæгхуыз адæймæгтæ» сты.  Уыдæттæ иууылдæр  рацыдыстæм æмæ сæ нæ фæстæ  фæуагъдтам», – райхъусын кодта Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты министр.

Дмитро Кулебайы  дзырдæй, Украина  зæгъгæ нæ хъавы, ноджы та сæрмагонд æмбæстæгты  тугæй  бафида, партнерты  æнæхъомысдзинады тыххæй, æмæ  дзуры, цæмæй тагъд рахæссой   хатдзæгтæ  Уæрæсейы  Федерацийы  архæйдтыты фæдыл.

«Ницы  гуырысхо хæссын уымæ  цæмæй  Иугонд Штаттæ  нын æххуыс  кæнынц æмæ  сæрмагондæй  президент Джозеф Байден   æххуыс  кæны  Украинайæн.  Ндæрæ ууыл дызæрдыг  кæнын, цæмæй  активон æфсæддон  архæйдтытæм  рывналыны цауы,   Иугонд Штаттæн æмæ Евроцæдисмæ,  Уæрæсейы  ныхмæ  карз санкцитæ сфидарæй  кæнынæй дарддæр æндæр  фадат нал баззайдзæн», –  райхъусын кодта Дмитро Кулеба.