Дмитро Кулеба – Уæрæсейы ныхмæ  АИШ-ы  ног, карз санкцитæ фæхæццæ кæнынц
Дмитро Кулеба – Уæрæсейы ныхмæ АИШ-ы ног, карз санкцитæ фæхæццæ кæнынц

Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министр  Дмитро Кулебайы фидиуæнæй, Уæрæсейы ныхмæ АИШ-ы  ног ,карз санкцитæ  цæттæ  сты.

Уый фæдыл Дмитро Кулеба  «Твиттеры» фыссы.

«Мысын æмæ фидыды бон, Европæйы уæлахиздзинады бон, АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкенимæ иумæ  æрныхас кодтам   Украинайы  уæлахиздзинад æрбаввахс кæнынæн  хъæугæ къахдзæфтæ. Уæрæсейы ныхмæ  АИШ-ы  ног карз санкцитæ фæхæццæ кæнынц. Афæлгæстам   Украинайы  хæлцады  экспорт суæгъд кæныны æмæ  глобалон хæлцадон   æдадсзинад сифтонг кæныны фæндæгтæ» –  фыссы  Дмитро Кулеба.