Дмитро Кулеба Германийы хицауадмæ – ма сфæлхатт кæнут Меркелы, Бухаресты рæдыд, 2008 азы  альянсы  уынаффæ йæ  фæндаг байгом кодта Путинæн, Гуырдзыстонмæ ныббырсынæн, стæй та  Хъырымы анекси скæнынæн
Дмитро Кулеба Германийы хицауадмæ – ма сфæлхатт кæнут Меркелы, Бухаресты рæдыд, 2008 азы альянсы уынаффæ йæ фæндаг байгом кодта Путинæн, Гуырдзыстонмæ ныббырсынæн, стæй та Хъырымы анекси скæнынæн

Украинайы   фæсарæн ъуыддæгты министр, Дмитро Кулеба  дзуры, цæмæй  2008 азы   Бухаресты саммиты  рæстæджы  альянсы   уынаффæ  фæндаг байгом кодта  Владимир Путинæн  2008 азы  Гуырдзыстонмæ бабырсынæн, стæй та  Хъырымы  анекси скæнынæн.

«Украина 2014 азы  куы  уыдаит  НАТО-ы уæнг, Хъырымы анекси, хæст Донбасы æмæ Украина æппæтт территормимæ бырст не рцыдаит», – райхъусын кодта   Кулеба æмæ  æрсидтис  Германийы хицауадмæ, ма  сфæлхат кæнæт Украинайы НАТО-йы  уæнгсуæвыны куылымпы кæныны æрдгæй  Ангела  Меркелы   канцлерæй уæвыны периоды  рæдыд.

«Ма сфлæхат кæнут   канцлер Меркелы  рæдыд, кæцыйы  уый æруагъдта  2008 азы Бухаресты,  тызмæг йæ ныхмæ  куырацыд    НАТО-йы  уæнгсуæвыны æрдгæй  Украинайы  прогрессæн», – банысан кодта Кулеба.

Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты министр дзуры, цæмæй хæсты   цыды рæстæджы  Украинайы НАТО-йы  уæнгсуæвыны æнхъæл  нæу.

«Фæлæ хæсты фæстæ Европæйæн   хиамарын уыдзæн  альянсмæ Украина  куы нæ  райса  уый», –  дзуры Кулеба.