Гуырдзыстоны хихъахъхъæнынады командæгæнæг Брюселы НАТО-йы æфсæддон комитеты рабадтыл хайад иста
Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты командæгæнæг Бельгийы Паддзахады Брюсселы уыд. Инæлар-майор Гиоргий Матиашвили, делегацийы уæнгтимæ иумæ, НАТО-йы уæнг æмæ партнер бæстæты хихъахъхъæнады тыхты хистæрты æфсæддон комитеты рабадтыл иста хайад, кæцыйы сæрдариуæг кодта æфсæддон комитеты сæрдар, адмирал Роб Бауэр.
Брюсселмæ визиты рæстæджы инæлар-майор Гиоргий Матиашвили бæрнон сæрдар адмирал Роб Бауэрæн Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æхсæн æфсæддон æмкуыстдзинады размæцыды хайбавæрды тыххæй бузныг расидтис æмæ йын Дидгорийы кресты майдан балæвар кодта.
Гуырдзыстоны хихъахъхъæнады командæгæнæг НАТО-йы æфсæдтон комитеты ног сæвзæрст сæрдар адмирал Каво Драгонесимæ дывæрсыг фембæлд сарæзта. Инæлар-майор Гиорги Матиашвили йын ног бынатыл снысан раарфæ кодта æмæ Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æхсæн æфсæддон фадыджы фидæны æмкуыстдзинадыл фæныхас кодта.
НАТО-йы штабы, Гуырдзыстоны хихъахъхъæнады тыхты командæгæнæг дывæрсыг фембæлдтæ фæсарæйнаг коллегæтимæ дæр сарæзта, цы ран хихъахъхъæнады секторы æмкуыстдзинады актуалон фарстатыл æмæ фидæны плæнтыл фæныхас кодтой.
Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хихъахъхъæнады министрад парахат кæны.