Дмитро Кулеба – Сергей Лавров йæ ныфс нæ бахаста  йæхимæ райстаит бæрн  Мариуполы гуманитарон къæлидор саразынæн, фæлæ  ныны банфысвæрдта ацы  фарстайы  фæдыл хицауады æмбæлгæ  минæвæрттимæ  контакты тыххæй
Дмитро Кулеба – Сергей Лавров йæ ныфс нæ бахаста йæхимæ райстаит бæрн Мариуполы гуманитарон къæлидор саразынæн, фæлæ ныны банфысвæрдта ацы фарстайы фæдыл хицауады æмбæлгæ минæвæрттимæ контакты тыххæй

Бадзырдтæ  уыдысты  рог æмæ иурæстæгонæй уæззау  –  уый фæдыл  Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты министр,  Дмитро Кулеба  Анталиайы  уырыссаг коллегæимæ, Сергей Лавровимæ  фембæлды  фæстæ  пресс-конференцийыл райхъусын кодта.

«Фембæлд  цалдæр  сахат аххæссыд.  Тынг  стыр бузныг  цытджын Чавушогълуйæн  ацы фембæлды организацидзинады тыххæй.    Уый æнцон нæ уыд.  Уый фыццаг  фенцондæр  кодта Уæрæсе æмæ Украинайы   министрты контакттæ  Уырыссаг агресси куы райдыдта,  уый фæстæ. Бадзырдтæ уыдысты куыд  æнцон, афтæ иурæстæгон уæззау дæр.   Æнцон уыдысты уыман æмæ   министр Лавров  мын  дзырдтæ  йæ традицион наративтæ  Украинайы фæдыл. Уæззау  та  уымæн  æмæ   сарызтон алцыппæт, цæмæй  иууыл цъус  федтаин  дипломатон  уынаффæ  гуманитарон  трагедиты тыххæй,  кæцы  тынг кæны   хæст кæм цæуы, уыцы  регионты,  æрхъулагонд горæтты.  Сеппæтæ трагикон уавæр  ацытæккæ ис    горæт Мариуаполы, Азовы  денджызы  был,  кæцыйыл бомбæтæ   калынц уæлдæфæй,  афтæдæр дæр йыл цæуы  артиллерион æхст.  Æрбацыдтæн  ардæм гуманитарон   нысæнттимæ, цæмæй   рацыдаин фембæлдæй,  цæмæй  æрцыдаит гуманитарон къæлидорты арызт  мидæгæй æмæ  æддæйæ дæр.  Кæнæ та Мариуполæй   ракодтаиккам  æмбæстæгты, кæцыты  фæнды, ныууадзын тасы æмæ  хæсты территори, гуманитарон   къæлидор  фегом  кодтаиккам  Мариуаполы, цæмæй   баластаиккам гуманитарон æххуыс горæтмæ», – банысан кодта  Дмитро Кулеба.

Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Лавров чи у, уый,  гуманитарон къæлидор саразыныл бæрн йæхимæ сисын йæ ныфс нæ бахаста.

«Хъыгагæн, фæсарæн хъуыддæгты министр Лавров йæ ныфс нæ бахаста  фæнысангонды фæдыл бæрн химæ райсын, фæлæ  уый хицауады æмбæлгæ минæвæрттимæ  контакты ныфс ратта  ацы фарстайы фæдыл.  Афтæдæр  размæ рахæцыдыстæм 24 сахатон æхст  фæурæды  фарста, цæмæй  алыг кодтаиккам сегасдæр карз гуманитарон фарстатæ.   Прогресс  нын нæ уыд ацы  фарстамæ гæсгæ, уымæн æмæ  бæрæг куыд у, афтæмæй,  æндæртæ исынц  скуыддзæгтæ  Уæрæсейы.  Æрныхас  кодтам, цæмæй адæрддæр кæндзыстæм  тыхархайд  бацагурæм уынафæ  гуманитарон   проблемæтæ алыг кæнынæн бынатыл.  Цæттæ  уыдзынæн, фембæлон   фæнысангонд  форматы,  кæд  уыдзæн перспективæтæ   архайадон дискусси ауадзынæн  æмæ   уынаффæтæ  абцагурæнæн.  Дыууæ бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты министртæ  кæрæдзиимæ  куы  фенмбæлынц,  уæд сæм ис  мандат, бадзырдтæ ауадзой  æдасдзинады, сабырады  фарстатыл Мандат кæцыйы сын раттон сæ бæстæты  парламенттæ, сæ бæстæты  лидертæ  æмæ цæттæ дæн  фæнысангонд активондзинад адарддæр кæнон  уыцы  нысанæй,  ома  Украинайы  хæст фæуа, фæуа  æмбæстæгты  фыдæбон  æмæ нæ  территори ссæрибар уа уырыссаг оккупацион тыхтæй», – райхъусын кодта Дмитро Кулеба.