Дмитрий Песков - Уæрæсейы делегацийы, Евросоветы парламентон ассамблеймæ æрыздæхт у æнæниз хъуыдыйы уæлахиздзинад
Евросоветы парламентон ассамблеймæ Уæрæсейы æрыздæхт нæ нысан кæны, Хъырымы анексийы нымадмæ райст, фæлæ уымæ æнæкæсгæ, Уæрæсе нæ хъавы Хъырымы æрдæгсакъадахы статусмæ ногæй æркæсын æхсæнадæмон æмвæзадыл – уый тыххæй, Уæрæсейы президенты пресс-спикер Дмитрий Песков Украинаг медиимæ ныхасы рæстæджы загъта.
«Сымах зонут, цæмæй европаг минæвæрттæм ацы фарстайыл хъауджыдæргонд хъуыдыйы бар ис. Афтæдæр зонут, хъырымæгты æмæ уырыссæгты, афтæдæр Уæрæсейы къухдариуæгады позици. Хъырым Уæрæсейы Федерацийы æнæдихаг хай у, у Уæрæсейы Федерацийы субъект æмæ Хъырымимæ баст цыдæр фарстатæ, иунæг бæстæйы æрдгæй дæр, нæ цæудзæн каст, уæлдайдæр æхсæнадæмон æмвæзадыл», – райхъусын кодта Дмитрий Песков.
Уæрæсейы президенты пресс-нымæрдары фидиуæнæй, Уæрæсейы делегацийы æрыздæхт Евросоветы парламентон ассамблеймæ у «Æнæниз хъуыдыйы уæлахидзинад».
«Дзырдæуы Мæскуыйы дипломативон уæлахиздзинадыл нæ фæлæ, у æнæниз хъуыдыйы, уымæн æмæ Европæйы Советы парламентон ассамблейæн йæ бон нæу æххæстаргъджынæй куса æнæ Уæрæсейы делегацийæ», – банысан кодта Дмитрий Песков.
Евросоветы парламентон ассамблей райста уынаффæ, кæцыйæ дæр Уæрæсейы делегаци, июны сессимæ хайад райсынæн æрцæудзæн хуынд. Резолюцийы текстмæ гæсгæйæ, ассамблейы æмæ йæ органты уæнгты схъæлæс кæныны, ныхасы æмæ минæварады бар урæд ма хъуамæ цæуа.
Евросоветы парламентон ассамблеймæ Уæрæсеæйы æрыздæхынæн Гуырдзыстон йæ фарс нæ рахæцыд. Резолюцийы ныхмæ схъæлæс кодтой афтæдæр, Украинайы, Польшайы, Лиетувайы, Латвийы, Стыр Британийы, Эстонийы æмæ Швецийы делегацитæ.