Дмитрий Песков – Сомихыстонмæ гæнæн визиты тыххæй, Мæскуы æнхъæлмæ кæсы бæрæг гарантитæм,цæмæй  Уæрæсейы президенты  Гаагæйы ордеры бындурыл  не рцахсдзысты
Дмитрий Песков – Сомихыстонмæ гæнæн визиты тыххæй, Мæскуы æнхъæлмæ кæсы бæрæг гарантитæм,цæмæй Уæрæсейы президенты Гаагæйы ордеры бындурыл не рцахсдзысты

Уæрæсейы президенты Сомихыстонмæ гæнæн визиты фæдыл   Мæскуы  æнхъæлмæ кæсы   Сомихыстонимæ  бадзырдмæ  гарантиты фæдыл, ома  Уæрæсейы  президенты  Гаагæйы  ордеры  бындурыл не рцахсдзысты – уый фæдыл  Уæрæсейы  президенты пресснымæрдар Песков рахъусын кодта.

Песковы дзырдæй, зæгъгæ ног  реалондзинад , кæцы баст у  Сомихыстоны   æхсæнадæмон  уголовон тæрхондонмæ  баиу кæнынимæ, нæй  гæнæн ма  уа  негативон æндæвдад   Уæрæсе-Сомихы ахастытыл.

«Мах нырид  загътам, цæмæй  ног реалондзинад, кæцы  баст у  Сомихыстоны  ацы æхсæнадæмон уголовон уагæвæрдмæ  баиу кæнынмæ (Ромы барад) нæй гæнæн ма йын уа  негативон  æндæвдад нæ  дыууæфарсон ахастытыл. Цæй зæгъын æй хæъуы, ам иттæг  нысаниуæгджын  у  нæ  сомихаг партнертæй  бæрæг гарантиты райсын.  Ацы  фарстатæ хъуамæ  алыг уа  дыууæфарсон  диалогы фæлгæтты æмæ Кремл  раст уыцы æрдæм у ориентиргонд», –  райхъусын  кодта Песков журналисттæн.

Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян  фарстыл, зæгъгæ æрцахсдзысты æви нæ  Путины  Сомихыстонмæ ныццæуыны  цауы  сдзуапп кодта: «Искæй æрцахсыныл  уынаффæ  æз нæ, фæлæ  Сомихыстоны  юридикон  институттæ исынц».