Дмитрий Песков – Сомихыстоны æмæ АИШ-ы  ахуырты фæдыл  информаци мæтæфтауæг у
Дмитрий Песков – Сомихыстоны æмæ АИШ-ы ахуырты фæдыл информаци мæтæфтауæг у

Сомихыстоны æмæ Иугонды Штатты  ахуыртæ ауадзыны фæдыл  информаци мæтæфтауæг у, – уый фæдыл  Уæрæсейы  президенты прессекретар  Дмитрий Песьков загъта.

Кремлы  минæвары дзырдæй,  Мæскуы   арф анализ скæндзæн  ацы  уац æмæ уавæрмæ йæ цæст дардзæн.

Уæдмæ Сомихыстоны  хъахъхъæнынады министрады райхъусын кодтой, цæмæй Сомихыстоны æмæ  Иугонд Штатты  иумæйаг  ахуыртæ, «Партнер цæргæм 2023» Сомихыстоны  территорийыл 11-æй  20 сентябрмæ  цæудзысты.