Дмитрий Песков хъусын кæны, цæмæй Евгений Пригожины  ныхмæ  райдайгæ тугтæрхоны барады хъуыддаг бауромдзысты æмæ «Вагнеры» бындурæвæрæг  Белорусмæ ахиздзæн
Дмитрий Песков хъусын кæны, цæмæй Евгений Пригожины ныхмæ райдайгæ тугтæрхоны барады хъуыддаг бауромдзысты æмæ «Вагнеры» бындурæвæрæг Белорусмæ ахиздзæн

Уырыссаг  хицæн   æфсаддон компани «Вагнеры»  бындурæвæрæг, Евгений  Пригожины  ныхмæ Уæрæсейы   райдайгæ  тугтæрхоны  хъуыддаг урæд  æрцыд. Уый фæдыл  кремлы  пресснымæрдар, Дмитрий  Песков  райхъусын кодта,  кæцы  Евгений Пригожины æмæ Белорусы  президент Александр  Лукашенкойы  æхсæн  уагъд  бадзырдты  деталтыл  уырыссаг   медиаимæ  фæныхас кодта.

Песковы  дзырдæй  йæхæдæг Пригожин Белорусмæ  ахиздзæн.

Уыимæ Кремлы пресснымæрдар,  цæмæй  нæ  райдайдзæн   растады  хайадисæг  «Вагнеры» хæцджыты  барадон сурын, «сæ  хæстон  сгуыхтдзинадмæ  гæсгæйæ».  Хæцджыты хай, кæцытæ нæ истой хайад ацы растады, хъахъхъæнынады министрадимæ  контракттæ бафысдзысты.

Песковы дзырдæй,   зæгъгæ Лукашенко йæхæдæг рацыд инициативæйæ, уымæн æмæ   Пригожины 20 азæй  фылдæр цы   зоны.

Æфсæддон растадмæ  сидты аххосагæй,   Уæрæсейы   æдасдзинады  куыст  Евгений Пригожины   ныхмæ  тугтæрхоны  барады  хъуыддаг рæгъмæ  знон рахаста.