Давит Залкалианийы информацийæ, коронавирусæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты инфицирдзинады цаутæ фæбæрæг сты Грецийы, Италийы, Испани æмæ Германийы
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианийы куырдиатæй, фæсарæнты коронавирусæй инфициргонд Гуырдзыстоны æмбæстæгты нымæцы фæдыл информаци, æнцойæвæрд у уыцы бæрæггæнæнтыл, кæцыты Гуырдзыстоны консуладтæ æмæ минæварадты бахынцынц.
Давит Залкалианийы дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты коронавирусæй фæрынчыны цалдæр цау ис Грецийы, Италийы, Испани æмæ Германийы.
Министры æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, коронавирусæй инфициргонд фæсарæнты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн ис фадат, æмбæлон рекомендацитæ райсын гуырдзиаг специалисттæй.
«Алы адæймаг, кæцыйы тыххæй зонæм, хæдзарон уавæрты æрвиты хæдизоляцийы период, уымæн цæмæй, европæйы бирæ бæстæты рынчындæттæ, æнæкæсгæ уымæ инфициргонд сты æви нæ æмæ сæм ис æви нæ симптомтæ, рекомендаци сын дæттынц, хæдзары уæвыны фæдыл. Уый тыххæй алкæй сæ сконтакт кæндзыстæм низты контролы центримæ, цæмæй нырид Тбилисæй райсой æмбæлгæ рекомендацитæ конкретон цаутæм гæсгæйæ» – райхъусын кодта Давит Залкалиани.