Давит Залкалианийы филдиуæнæй, оккупацигонд регионты сырæзт уавæрмæ гæсгæ, Гуырдзыстонæн ис партнерты æххæст фарсхæцынад
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры, давит Залкалианийы фидиуæнæй, ИНО-йы генералон ассамблейыл уагъд бæрзонд рангы фембæлдтыл æхсæнадæмон патрнертæ ноджы иу хатт равдыстой Гуырдызстонæн фарс хæцын æмæ бафаудтой оккупацигонд регоинты сырæзт уавæр, афтæдæр бынатыл цæугæ æнæзакъонон архæйдтытæ.
Уый фæдыл фæсарæн хъуыддæгты министр ИНО-йы генералон нымæрдаримæ Антонио Гутиерешимæ, европаг Советы президент Дональд Тускъимæ, Европæйы Советы генералон нымæрдар æмæ ЕÆÆО-ы генералон нымæрдаримæ уагъд фембæлдтæн аргълæвæрды рæстæджы загъта.
«Не рдгæй партнертæм ис иу куырдиат, Гуырдзыстоны фарста иудадзыгæй лæууа Уæрæсеимæ сæ ахастыты боны фæткъы. Кусæм алкæимæ, цæмæй рацагурæм эффективон фадæттæ, уавæр æрбиноныг кæнынæн. Хъусæм æмæ нæ зæрдыл дарæм партнерты рекомендацитæ», – райхъусын кодта Давит Залкалиани.