Давит Залкалиани - Ист æрцыд иттæг нысаниуæгджын документ, кæцы НАТО-йы гом дуары политикæйы æмæ Гуырдзыстонæн фидар æххуыс ноджы иу хатт бахахх кодта
Райгонд дæн, Варшавайы куы дæн æмæ исын хайад НАТО-йы фæсарæн хъуыддæгты министериалы, – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани фыссы «Твиттеры».
«Ммондджын дæн, Гуырдзыстон НАТО-ы бæрзонд политикон бонвæткы куы ис, уымæй. Афтæдæр мын ис фадат польшæйаг коллегæимæ нæ æнтыстджын дыууæфарсон æмгуыстад æркæсын», – фыссы Давит Залкалиани, кæцы Варшавайы НАТО-ы фæсарæн хъуыддæгты министериалы исы хайад.
«Твиттеры» фæрцы фæсарæн хъуыддæгты министр афтæдæр райгонддзинад æвдисы НАТО-ы генералон нымæрдары экспертты инициргонд документ райсты тыххæй.
«НАТО-ы генералон нымæрдары эксперттæ райстой иттæг нысаниуæгджын документ, кæцы НАТО-йы гом дуары политикæйы æмæ Гуырдзыстонæн фидар æххуыс ноджы иу хатт бахахх кодта. Уый иттæг нысаниуæгджын у нæ дарддæр стабилон рæзынадæн æмæ регионон æдасдзинадæн. Зæрдæрухс дæн альянсæй æмæ генералон нымæрдар, Столтенбергæй, ахæм æххуысы тыххæй», – райхъусын кодта Залкалиани.
НАТО-йы министериалы фæлгæтты каст уыдзæн Гуырдзыстоны НАТО-мæ интеграцийы процесс, ацы æрдгæй уæвæг æнтыстытæ æмæ Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгæй суæвынæн къухаразыны æрдæм фидæны активондзинæдтæ.