Давит Дондуа – ЕÆÆО-ы парламентон ассамблейы сессийыл Гуырдзыстоны резолюци, баххæсдзæн оккупацигонд территоритыл адæймаджы барты æрдгæй уæвæг уавæрмæ
Люксембургы Европæйы Æдасдзинад æмæ Æмгуыстады Организацийы (ЕÆÆО) парламентон ассамблейы æрвылазон сессимæ бавдисæн Гуырдзыстоны æрцæттæгонд резолюци уыдзæн, оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл адæймаджы барты æрдгæй уæвæг уавæры фæдыл – уый тыххæй ЕÆÆО-ы Гуырдзыстоны иугæндзонархайæг минæвар Давит Дондуа райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ резолюцийы ассамблейы æрвылазон сессийыл æнхъæлцау сом æркæсдзысты.
«Нæ делегаци активон куыст кæны, цææмй райса партнерты максималон фарсхæцынад, цæмæй ацы резолюци æрцæуа ист. Документы уæрæхæй бавдыст у цæмæй цы уавæр ис æдасдзинады æмæ адæймаджы барты æрдгæй оккуцпацигонд Абхазы æм Цхинвалы рейгионты»- банысан кодта фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг.
Йæ ныхæстæм гæсгæ резолюци сиды Уæрæсемæ скад кæна æхсæнадæмон барады принциптæн æмæ нæзагъд ракæна Гуырдзыстоны æнæдихаг территориты æнæлегалон банымадыл.
Дондуайы фидиуæнæй резолюци Уæрæсемæ афтæдæр сиды, сæххæст кæна 2008 азы 12 августы бадзырд æмæ акæна йæ æфсæддон тыхтæ Гуырдзыстонæй.
Афтæма документы дзырдæуы цæмæй зæгъгæ Уæрæсе ма хъуамæ бахъыгдара æдадсзинады æхсæнадæмон механизмты арызт оккупацигонд регионты æмæ лигъдонтæн фæстæмæ сæ хæдзæрттæм æрыздæхыны.
Гуырдзыстны фæсарæн хъуыддæгты уагдоны минæвары дзырдæй, резолюцийы хаххгонд у сидт Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдтыл конструкцион ахаст равдисыны фæдыл дæр.
«Документы хæрз аргълæвæрд ис Гуырдзыстны парламенты 2018 азы 21 марты резолюцийæн, оккупаицгонд территоритыл адæймаджы барты уавæры фæдыл æмæ Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъдыл. Резолюци сиды ЕÆÆО-ы хайадисæг паддзахадтæм, сфидар кæной æмбæлон арæнæврдтæ æмæ санкцитæ уыцы уæнгты æрдæм, кæцытæ сты ацы номхыгъды. Афтæма, резолюци хæрз бæрзонд аргъ дæтты Гуырдзыстоны сабырадон политикæйæн»- райхъусын кодта Дондуа.