Гуырдзыстон Сирийимæ дипломативон ахастыты аскъуыныны процедурæтæ уадзын райдыдта
Гуырдзыстон Сирийимæ  дипломативон ахастыты  аскъуыныны процедурæтæ  уадзын райдыдта

Гуырдзыстон  нырид райдыдта   процедурæтæ   Сириимæ  дипломативон    ахастыты   аскъуыныны  тыххæй – уый фæдыл  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министры  хæдивæг. Давит Дондуа, абон   уагъд  брифингыл  райхъусын кодта.

Дондуа куыд банысан кодта  афтæмæй,  2012 29  майы  Сирийы  режим,  Уæрæсейы  æрдгæй  манипуляциты фæстиуæгæн,  рахаста æнæзакъонон  уынаффæ  æмæ   æхсæнадæмон барады  принципты  хæлдæй   нымадмæ райста  Абхазийы  æмæ  Хуссар Ирыстоны  а.х.   хæдбарад.

«Фæнысангонд  архайдæй,  Асады режим  йæ фарс рахæцыд  Уæрæсейы æрдгæй   Гуырдзыстоны ныхмæ  сæххæст æфсæддон агрессийæн  æмæ  азты  дæргъы  цæугæ  этникон ныссыгъдæгæн» – райхъусын кодта   Давит Дондуа.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,  Гуырдзыстон ныридæгæн рывнæлдта   Сириимæ  дипломативон ахастыты аскъуыныны процедурæтæм.

Сирийы  фæсарæн хъуыддæгты  министрад, орккупацигонд   Абхазийы æмæ   «Хуссар Ирыстоны»  нымадмæ райсты  фæдыл  фидиуæн  хæлиу кæны.

«Сирийы  ныхмæ  террористон   агрессийы  фоныл,  дыууæфарсон  разыдзинадæй,  Сирийы Арабты  Республикæ  æмæ Абхазийы æмæ  «Хуссар Ирыстоны»  республикæтæ  æрныхас кодтой,  кæрæдзийы  нымадмæ райсты   баивды фæдыл, Сирийы æмæ  Абхазийы  æмæ Хуссар Ирыстоны   æхсæн ахастыты  æрфидар кæныныл.  Дипломативон   ахастытæ   бындурæвæрд  цæуынц   минæварадты  æмвæзадыл» – банысангонд у  фидиуæны.