«CNN» -  АИШ-ы централон  рагысгарæг  агентады къухдариуæггæнæг  абон Анкарайы  Уæрæсейы æддæ рагысгарæг  куысты хистæримæ фембæлдзæн
«CNN» - АИШ-ы централон рагысгарæг агентады къухдариуæггæнæг абон Анкарайы Уæрæсейы æддæ рагысгарæг куысты хистæримæ фембæлдзæн

«CNN»-ы  хъусинагæй   АИШ-ы  централон  рагысгарæг  агентады къухдариуæггæнæг   абон Анкарайы   Уæрæсейы   æддагон  разведкæйы  хистæримæ фембæлдзæни.   «CNN»-æн  АИШ-ы  национ æдасдзинады  советы куыд загътой  афтæмæй, Уильям  Барнсы æмæ Сергей  Нарышкины  бадзырдтæ сты  дарддæрдзу  АИШ-ы  тыхархайдæн, кæцы змæдхт у  «Рискыты фæткдæттыны л Уæрæсеимæ  коммуникаци æрдгæй»  æмæ афтæдæр   каст уыдзæн  «æнæрæстагæй ахст  америкаг   æмбæстæгты» фарста.

«Мах æргомæй  хъусын кодтам  уыцы факты  фæдыл, ома нын ис коммуникацион  каналтæ  Уæрæсеимæ рискыты фæткдæттыны фæдыл,  сæрмагондæй  атомон   тасыл  æмæ стратегион   стабилондзинады рискытыл. Ацы  тыхархайды  фæлгæтты  Уильям  Барнс абон фембæлдзæнис Уæрæсейы разведкæйы   къудариуæггæнæгимæ», – фехъусын кодтой «CNN»–æн  Националон  æдасдзинады советы.

Уыимæ, Урс Хæдзары  хъусын кæнынц, цæмæй  Барнс Украинайы  хæсты  кæрон скæныны фæдыл  бадзырдыл нæ  ныхас  кæндзæн.

«Уый адæтдзæн  уырыссаг коллегæйæн   æрвитæггаг Уæрæсейы  æрдгæй  атомон  хæцæнгарзæй  спайдайы фæстиуджыты фæдыл, æмæ стратегион  стабилондзинады эскалацийы  тасыл  фæныхас кæндзæн.  Уый афтæдæр  рахæцдзæн  Уæрæсейы æнæрæстагæй  ахст  америкаг  æмбæстæгты  хуъыддæгтæ», –  хъусын кæнынц Урс Хæдзары.

Пресс-спикер  райхъусын кодта, цæмæй АИШ-ы  централон  рагысгарæг  агентады  уырыссаг  колллегæимæ  фембæлды фæдыл   украинаг фарс  рагафон уыд   информиргонд.

«Мах хъæддых  йæ фарс хæцæм  фундаментон   принципæн  æмæ ныхас кæнæм  Украинайы фарстайыл æнæ украинæгтæй», –  дзурынц  Урс Хæдзары.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй  АИШ-ы  æмæ  Уæрæсейы  хицауады  минæвæрттæ  кæрæдзиимæ 10 январы  фембæлдысты.