«CNN» -  АИШ Польшæйæн  æрвиты дыууæ  иуæг «Патриоты» типы ракетыныхмæ системæ
«CNN» - АИШ Польшæйæн æрвиты дыууæ иуæг «Патриоты» типы ракетыныхмæ системæ

АИШ Польшæйæн  æрвиты «Патриоты» типы ракетыныхмæ системæйы  дыууæ  гарзы . «CNN» куыд фыссы  афтæмæй,  уый тыххæй райхъусын кодта АИШ-ы  Европаг  сæрдарады минæвар.

«АИШ-ы  хъахъхъæнынады  нымæрдары  барамындæй æмæ нæ польшайаг  æмцæдисонты  куыриадты бындурыл, АИШ-ы европаг сæрдарады  сæргълæууæг, инæлар  Волтерс бахæс кодта   Европæ æмæ  Африкæйы  æфсадæн «Патриоты»  дыууæ батарейы Польшæмæ нылласын», – райхъусын кодта  АИШ-ы  Европаг  сæрдарады  пресс-спикер  капитан  Адам Миллер.

«Уый у  зондджын  хæдиргъæфы  мадзал, кæцы фидар кæны  уагæвæрды  фæндзæм  статимæ  нæ иузæрдыгдзинад æмæ  нæу  бырсæн операцитыл  нымад. Нæ алы  къахдзæф  у агресси  бауромыны æмæ  нæ æмцæдисонты  баныфсджын кæнынæн», –  дзырдæуы  фидиуæны.