Цъхъалтубойы 17 аздзыд æвзонгы марындзинады зылынмæ лæвæрд уæнгы Тбилисы æрцахстой
Мидхъуыддæгты министрады Имереты, Рачъа-Лечхумы æмæ Дæллаг Сванеты полицийы департаменты кусджытæ, тæвд фæдыл уагъд оперативон-агурæн æмæ фæдагурæн мадзæлтты фæстиуæгæн æрцахстой 1999 азы гуырд уæнгы æцахстой марындзинады аххосагæй.
Фыццаг Каналæн МХМ-ы куыд фехъусын кодтой афтæмæй, фæдагуырдæй фæбæрæг, цæмæй зылынмæ лæвæрд уæнг, цæугæ азы 2 декабры Цъхъъалтубойы районы Опшкъвиты хъæуы, быцæудзинады бындурыл кардæй ныццавдта 2000 азы гуырд Т.Б.-ы æмæ цауы бынатæй алыгъд.
«Цæф уæнг амард цалынмæ йæ рынчындонмæ фæхæццæ кодтой уæдмæ. Барадхъахъхъæнджытæ И.Т-йы Тбилисы æрцахстой. Фæдагуырд цæуы барæй марындзинады фактыл, Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 108-æм статийæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары 7-æй 15 азы онг ахстæй æфхæрд)» – банысангонд у МХМ-ы ахæлиугонд информацийы.