Чъоу Циен – Китай цæттæ у, гуырдзиаг фарсимæ иумæ ноджы сбонджындæр кæна стратегион партнерады мидис
Китай цæттæ у, гуырдзиаг фарсимæ иумæ ноджы сбонджындæр кæна стратегион партнерады мидис, – уый фæдыл Гуырдзыстоны Китайы минæвар Чъоу Циен райхъусын кодта брифнгыл.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Китай кæддæриддæр цæттæ у практикон архæйдтытæм, «Æз гуырдзиаг журналисттимæ ныхасы рæстæджы æнæиу хатт загътон, цæмæй Китай кæддæриддæр цæттæ у фæарфдæр кæна партнерад, фæлæ æрмæст уыцы цауы, кæд æмæ уый кæрæдзийæн цытыл, кæрæдзийæн пайдайыл æмæ æмгуыстадыл бындурæвæрд у. Китай кæддæриддæр цæттæ у практикон архæйдтытæм, æрмæст уыцы цауы, кæд æмæ уый ахъаззаг уыдзæн æхсæнадæмон барады æмæ объективондзинад бахъахъхъæнынæн, райтынгæн æмæ дзæбæхдзинадæн. Ивгъуыд азы Китай æмæ Гуырдзыстоны æхсæн стратегион партнерад куы бафыстæуыд, дыууæ бæстæйы æхсæн политикон æууæнк æмæ практикон æмгуыстады фæстиуджытæ ноджы райрæзтысты. Мæхи æмæ мæ гуырдзиаг коллегæты тыхархайдæй, Китай æмæ Гуырдзыстоны æхсæн бафыст æнæив дыууæрдæм змæлд мæйы кæронæй официалонæй скусдзæн. Æнхъæлцау æввахс фидæны дыууæ бæстæйы æхсæн комкоммæ тахтытæ фæархдæр уыдзысты. Китайаг компаниты æрдгæй фæстаг рæстæджы сæххæст проекттæ – Гуырдзыстоны экономикон æмæ социалон райрæзтæн ахъаззаг сты. Китай цæттæ у гуырдзиаг фарсимæ иумæ ноджы сбонджындæр кæна стратегион партнерады мидис. Ацы дыууæ незаманы цивилизацийы фарны æмæ сæндидзын кæнынæн ног эпохæйы», – райхъусын кодта Чъоу Циен.