Чохатаурийы  муниципалитеты  Букнарийы хъæуы  быцæудзинад уыд, ацы рæстæгмæ уавæр  æрсабыр ис
Чохатаурийы муниципалитеты Букнарийы хъæуы быцæудзинад уыд, ацы рæстæгмæ уавæр æрсабыр ис

Чохатаурийы  муниципалитеты  Букнарийы хъæуы  быцæудзинад уыд.  Бынатыл  мобилизацигонд у  пъæлицæй.

Хъæуы цæрджыты  æмæ  бынатмæ ныццæугæ  æмбæстæгты   кæрæдзийæ  фæхицæн кæнын  архайынц барадхъахъхъæнджытæ.

Ацы рæстæгмæ уавæр  æрсабыр ис.

Хъæуы æнæразыдзинад   райдыдта  пысылмон  æмæ чырыстон  æмбæстæгты æхсæн.  Конкретонæй  та, пысылмон  æхсæнады минæвæрттæ  хъæуы кувæндон саразын курынц, чырыстæттæ та  семæ нæ  разы кæнынц.  Хъуыдыты хъауджыдзинад  знон физикон  быцæудзинадмæ дæр айрæзтис. Фактыл  МХМ   иу  гоймагы æрцахста.

Абон бæстæон администрацийы  фарсыты æхсæн   диалог  хъуамæ  ацыдаит  фæлæ фембæлд нал  сырæзтис.

Чохатаурийы  мэр Иракли Кучъава  хъусын кæны, цæмæй хицауад  æмæ барадхъахъхъæнджытæ  алцыппæт сараздзысты, цæмæй  Букнарийы  конфликт  алыг уа  эксцесстæй  цух.