Бынæттон медиа – Минскы антихицауадон демонстрацийы иууыл цъус 200 мин адæймаг исы хайад
Белорусаг информацион портал Tut.By –ы бæрæггæнæнтæй Минскы центры цæугæ антихицауадон демонстрацийы иууыл цъус 200 мин адæймаг исы хайад.
Манифестацийы хайад исы æвзæрстыты Александр Лукашенкойы сæйраг ныхмæлæууæгы, президенттæм кандидат Светлана Цихановскаяйы æмпартиаг Мария Колесникова. Уый протестон акцийы хайадисджыты æркуырдты тыххæй райхъусын кодта.
«Раздæры президент йæ куыстæй йæхи хъуамæ суæгъд кæнæт. Уый бæстæ тыхмидзинад сцырын кодта»- райхъусын кодта Колесникова.
Йæхи æрдгæй Белорусы мидхъуыддæгты министрад абон райхъусын кодта, цæмæй Александр Лукашенкойы фарсхæцæг акцимæ рацыд 65 мин адæймаг. Йæхæдæг Лукашенкойы дзардæй ралæуды рæстæджы акцийыл уæвæг æмбæстæгты нымæц 50 мины онг банымадтой. Паддзахадон медийы хъусинагæй та, митингы хайад истой 70 мин адæймаг.