Брюсселы, «Скæсæн Партнерады» 10 азы сæры юбилеймæ гæсгæ байгом уыдзæн министериал
«Скæсæн Партнерады» 10 азы сæры юбилеймæ гæсгæ Брюсселы абон фæсарæн хъуыддæгты министериал байгом уыдзæн. Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министртæ «Скæсæн партнерады» æхсæз уæнгы – Гуырдзыстоны, Украинæйы, Молдовæйы, Белорусы, Сомихыстоны æмæ Азербайджаны делегацитæн сфысым кæндзысты.
Министериал бынæттон рæстæгæй, 10:00 сахатыл ( Тбилисы рæстæгæй 12:00) райдайдзæн. Фембæлдыл фæрстæ 10 азон партнерадыл, иумæйаг æмгуыстадыл æмæ фидæны плæнтты афтæма, 2020 азы стратегийыл фæуынаффæ кæндзысты.
Министериалы хайад райсдзæн Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани.
Боны дыккаг æрдæджы та европæйаг советы президент Дональд Тускъ «Скæсæн партнерады» юбилейон æхсæвæрыл делегациты разамонджытæн сфысым кæндзæн, кæцыйыл афтæдæр уыдзæн Гуырдзыстоны делегацийы къухдариуæггæнæг, Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе.
Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæг хайад райсдзæн 14 майы плангонд бæрзонд рангы конференцийы дæр.
Брюсселы дыууæбонон мадзæлтты фæлгæтты, Гуырдзыстоны премьер-министрæн плангонд сты фембæлдтæ 6 æндæр æмæ æндæр раны, сæ нымæцы Евроцæдисы вице-президент Жан-Кълод Юнкеримæ.
Евроцæдисы сæрдар бæстæ Румынийы инициативæйæ, 13 зæрдæвæрæны министериал æмæ 14 июны бæрзонд рангы конференцийы фæстæ, æнхъæлцау райсдзысты юбилейон куырдиат, кæцыйы мидæг аргъ скæндзысты Евроцæдисы æмæ «Скæсæн партнерады» 10 азон ахастытæн, иумæйаг проектытæн æмæ фидæны æмгуыстады приоритеттæн.