Британийы хицауад – Джеймс Клеверли Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы ног финансон æххуысы тыххæй фехуъсын кæндзæн
Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Джеймс Клеверлийы визитæн, сæ къæсæрыл лæууæг тасы ныхмæ ног фарсхæцыны сифтонг кæнын у йæ нысан, – уый фæдыл банысангонд у Британийы хицауады ахæлиугонд официалон фидиуæны.
Британийы хицауады информацийæ, Джеймс Клеверли райхъусын кæндзæн ног финансон æххуысы тыххæй, ома райрæзын кæна регионы хъæддыхдзинад Уæрæсейы знаггадгæнæг хифакæныны ныхмæ. Британийы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны информацийæ, Джеймс Клеверли Гуырдзыстоны бавдисдзæн ног финансдзинад фидæназы æвзæрстыты æдасдзинад стынг кæнынæн.
Британийы хицауады хъусинагæй, Британийы фæсарæн хъуыддæгты министр сбæлвырд кæндзæн, цæмæй Иугонд Паддзахад лæууы Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны адæмæн сæ фарсмæ æмæ хъахъхъæны сæ демократон æвзæрст, сæрибардзинады, хæдбарады æмæ суверенитеты фæндагыл.
«Уæрæсейы знаггадгæнæг архайды сусæг тактикæ, Молдовæ æмæ Гуырдзыстонæй хуыздæр цъус бæстæ æмбары. Иугонд Паддзахад йæхи нæ аиуварс кæндзæн , цалынмæ Мæскы афтæ æргомæй йæ бын къазх сæ демократийæн, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн. Хъуамæ стынг кæнæм сæ фæразондзинад Уæрæсейы гибридон тасы ныхмæ, бахъахъхъæнæм сæ адæмы демократон æвзæрст æмæ сæ баиргъæвæм сæ къæсæрыл лæууæг тасæй», – райхъусын кодта Джеймс Клеверли визиты размæ.
Британийы хицауады информацийæ, дыууæдæр бæстæ æнæхъахъхъæд сты, уымæн æмæ сæхиуыл æнкъарынц кремлы гибридон тактикæй, агрессийы æмæ регионы Уæрæсейы контролы ауæрæх кæныны архæйдтытæ, цæй тыххæй дæр фæсарæн хъуыддæгты министр бæлвырд зæгъдзæн Стыр Британийы æнæцудгæ иузæрдыгдзинад сæ территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитет бахъахъхъæнынæн.
Британийы хицауады фидиуæны банысангонд у, цæмæй Гуырдзыстоны Джеймс Клеверли фендзæн куыд æххуыс кæны Ивгонд Паддзахады æмкуысткæнынад Уæрæсейы диверсон хифæкæныны ныхмæ архæйдтытæн, уый нымæцы хъахъхъæнынады æмæ киберæдасдзинады фарстаты æмгуыстадæн. Гуырдзыстоны демократи сфидар кæныны нысанæн, Стыр Британи афтæдæр рауæлдай кæндзæн 500 000 фунт, кæцыйæн йæ нысан у 2024 азы сæрибар æмæ рæстаг æвзæрстытæн уавæртæ скæнын æмæ сæ бахъахъхъæнын æддæйæ хифæкæнынæй.
Иугонд Паддзахады фæсарæн, æмгарады æмæ райрæзты хъуыддæгты фæдыл паддзахадон нымæрдар Джеймс Клеверли Гуырдзыстонмæ официалон визитæй 16-17 марты æрцæудзæн.