Британийы хицауад – Джеймс  Клеверли Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы ног финансон æххуысы тыххæй фехуъсын кæндзæн
Британийы хицауад – Джеймс Клеверли Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы ног финансон æххуысы тыххæй фехуъсын кæндзæн

Молдовæ   æмæ Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр Джеймс Клеверлийы  визитæн,  сæ къæсæрыл  лæууæг тасы  ныхмæ  ног  фарсхæцыны  сифтонг кæнын у йæ нысан, –  уый фæдыл  банысангонд у   Британийы  хицауады  ахæлиугонд   официалон    фидиуæны.

Британийы  хицауады   информацийæ,  Джеймс  Клеверли  райхъусын кæндзæн  ног  финансон æххуысы  тыххæй,  ома    райрæзын кæна регионы   хъæддыхдзинад Уæрæсейы   знаггадгæнæг  хифакæныны ныхмæ.  Британийы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны информацийæ,   Джеймс Клеверли Гуырдзыстоны  бавдисдзæн  ног финансдзинад  фидæназы  æвзæрстыты  æдасдзинад стынг кæнынæн.

Британийы   хицауады хъусинагæй, Британийы фæсарæн хъуыддæгты министр  сбæлвырд кæндзæн, цæмæй Иугонд Паддзахад  лæууы Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны адæмæн сæ фарсмæ  æмæ хъахъхъæны сæ  демократон æвзæрст, сæрибардзинады,  хæдбарады æмæ суверенитеты фæндагыл.

«Уæрæсейы  знаггадгæнæг   архайды  сусæг   тактикæ, Молдовæ æмæ Гуырдзыстонæй  хуыздæр  цъус  бæстæ  æмбары. Иугонд Паддзахад  йæхи нæ аиуварс кæндзæн , цалынмæ Мæскы   афтæ æргомæй  йæ  бын къазх  сæ демократийæн, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.  Хъуамæ  стынг кæнæм сæ фæразондзинад  Уæрæсейы гибридон   тасы ныхмæ,  бахъахъхъæнæм сæ адæмы  демократон   æвзæрст  æмæ  сæ баиргъæвæм  сæ къæсæрыл лæууæг  тасæй», –   райхъусын кодта Джеймс Клеверли визиты размæ.

Британийы  хицауады  информацийæ,  дыууæдæр бæстæ  æнæхъахъхъæд сты, уымæн æмæ  сæхиуыл æнкъарынц кремлы  гибридон тактикæй, агрессийы æмæ регионы Уæрæсейы контролы  ауæрæх кæныны архæйдтытæ, цæй тыххæй дæр  фæсарæн хъуыддæгты министр бæлвырд  зæгъдзæн  Стыр Британийы  æнæцудгæ  иузæрдыгдзинад сæ  территорион æнæхъæндзинад æмæ   суверенитет  бахъахъхъæнынæн.

Британийы  хицауады  фидиуæны банысангонд у, цæмæй Гуырдзыстоны Джеймс Клеверли фендзæн  куыд  æххуыс  кæны Ивгонд Паддзахады æмкуысткæнынад Уæрæсейы  диверсон  хифæкæныны  ныхмæ архæйдтытæн, уый нымæцы   хъахъхъæнынады æмæ киберæдасдзинады  фарстаты  æмгуыстадæн.  Гуырдзыстоны демократи сфидар кæныны нысанæн, Стыр Британи афтæдæр   рауæлдай кæндзæн 500 000  фунт, кæцыйæн   йæ  нысан у  2024 азы сæрибар æмæ рæстаг æвзæрстытæн  уавæртæ скæнын  æмæ  сæ бахъахъхъæнын æддæйæ хифæкæнынæй.

Иугонд Паддзахады фæсарæн, æмгарады æмæ райрæзты  хъуыддæгты  фæдыл   паддзахадон нымæрдар Джеймс  Клеверли  Гуырдзыстонмæ  официалон визитæй  16-17 марты æрцæудзæн.