АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар  Майк Помпео «Твиттеры» фыссы  Гуырдзыстонмæ визиты тыххæй
АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео «Твиттеры» фыссы Гуырдзыстонмæ визиты тыххæй

АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар  Майк Помпео  ивгъуыд аз схатдзæг кодта æмæ социалон  хызаг  «Твиттеры»  Гуырдзыстонмæ  визиты тыххæй  фыссы.  АИШ-ы  æддаг хъуыддагтæ  уагдоны  къухдариуæггæнæгы фидиуæнæй,   Гуырдзыстонмæ  зæгъгæ ныццыдис   сæрибаруарзаг  хæлæрттæн æххуысы  тыххæй.

Майк Помпео  Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайæн  хъарм фысымдзинады тыххæй  раарфæ кодта.

Майк Помпео  «Твиттеры» фарсыл   Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвилиимæ æмæ   Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариаимæ  фембæлды  æвдисæг къамтæ дæр равæрдта.

АИШ-ы паддзахадон нымæрдар  афтæдæр ныхас кæны  æддаг хъуыддæгты æрдгæй  Дональд Трампы  администрацийы   куысты тыххæй  æмæ  дзуры, цæмæй Трампы  администраци  Уæрæсейы  агрессийы ныхмæ йæ хæлæрттæн æххуысгæнгæйæ  активонæй слæууыд, Мæскуыйы  æрдæм  лоялондзинады фæндаг та  никуы  сывзæрста  æмæ  Уæрæсейимæ ахастыты  ницы «æнæзонд амæлттæ» никуы  спайда кодта.  Майк Помпеойы фæнысангонд фидиуæны  бын, раздæры  паддзахадон нымæрдар Хилари Клинтоны  æмæ  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министр Сергей Лавровы  фембæлды  фото у æвæрд, дыууæ  бæстæйы  фæсарæн хъуыддæгты   уагдæтты  разамонджытæ, 2009 азы  6  марты  ахастытæ ногæй  райдайыны фæдыл символон  кънопкæйыл къух  хæцгæйæ  куы райхъусын кодтой.

«2017 азæй  Трампы  администраци  санкцитæ  сæвæрдта  365-йæ фылдæр уæрæсейаг  нысанæн, Уæрæсейы  дестабиизацийы  æмæ  агрессивон  архæйдтыты дзуаппæн  Украина æмæ æнæхъæн Европæйы. Иунæг администраци   никуы  уыдис  ахæм карз  Уæрæсейы æрдæм куыд  мах», – фыссы Майк Помпео.