Брекситы аивыны фæдыл петицийыл къух бафыстой æрдæг милуанæй фылдæр бритайнаг
Брекситы аивыны æркуырдæй Стыр Британийы парламенты веб-фарсыл æвæрд петици, æрдæг милуанæй фылдæр къухæвæрд æрымбырд кодта.
«ВВС»-ы хъусинагæй, интернет-пайдагæнджыты стыр нымæцæй уæлдай, абон сæумæрайсом веб-фарсы техникон проблемæтæ дæр сырæзт. Петицийыл къухбафысджытæ Лиссабоны 50-æм статийы бауромын æмæ Стыр Британийы Евроцæдисы сконды баззайын домынц.
Брюсселы абон Евроцæдисы советы дыууæбонон саммит райдайы, кæцыйы сæйраг темæ у Брексит. Фæлæ боны фæткы лæууы ахæм фарстатæ дæр, цахæм дæр сты Китайимæ ахастытæ, экономикæ æмæ климатон ивд.
Евроцæдисы 27 уæнг бæстæйы минæвæрттæ Иугонд Паддзахады премьер-министр Тереза Мэймæ байхъусдзысты, кæцы Брекситы æмгъуыд ахæцыны аххосæгтыл фæныхас кæндзæн. Уый фæстæ та, совет Брекситы датæйы ахæцыны дæргъвæтиндзинады фæуынаффæ кæндзæн.