Борис Джонсон Эстонийы НАТО-йы миссийы фæлгæтты дислоциргонд бритайнаг æфсæддæттæм фæуазæг ис æмæ сæн цыппурсон хæринаг байуæрста
Стыр Британийы премьер-министр, Борис Джонсон Эстонийы НАТО-йы миссийы фæлгæтты дислоциргонд британийы æфсæддæттæм фæуазæг ис æмæ сæн цыппурсон хæринаг байуæрста. Эстонийы Таллинмæ хæстæг уæвæг Тапайы æфсæддон базæйл службæ кæнынц 850 бритайнаг æфсæддоны.
Эстонийы æфсæддон базæмæ визиты рæстæджы Борис Джонсон бахахх кодта Иугонд Паддзахады æмзæрдæдзинад НАТО-мæ æмæ альянс хæсджын кæй у Уæрæсеимæ эстонийы хурыскæсæн арæны хъахъхъæна.
«Æввахсдæр бонты мах алкæй хæдзæртты иумæ сбæрæгбон кæндзыстæм Цыппурс. Сымах та ам уыдзыстут, дард, тынг уазал ран. Сымах цы аразут уый у нæуырынаг нысаниуæгджын, уымæнæ растдæр уе сгухтдзинад у уый, цæмæй нæ бæстæйы алкæмæн йæ бон у сабырæй æмæ æдæрсгæйæ сбæрæгбон кæнын. Уæ куыстæй зыны цæмæй НАТО кусы, æмæ цæмæй НАТО у альянс, кæцымæ нæ бæстæ абсолютонæй æмзæрдæ у» – райхъусын кодта Джонсон.
Борис Джонсон афтæдæр фембæлд Эстонийы премьер-министримæ æмæ йын раарфæ кодта Бритайнаг æфсæддæтты æрдæм уазæгуарзон ахасты тыххæй.
Бритайнаг æфсæддæтты батальон Эстонийы 2017 азæй æрлæууыд, Украинайы Уæрæсейы агрессийы фоныл альянс хурыскæсæн флангы хъахъхъæдыда фæтхынгдæр кæнын куы ахицæн кодта уый фæстæ.