Борис Джонсон Ираклий Гъарибашвилийæн - æхсызгон у уыцы ахастытæ рапарахат, кæцыты символæй ссис Уордропы стратегион диалогы формат, афтæма нæ æмгуыстады ног бадзырд
Цытджын премьер-министр! Ацы азы 27 апрелы Иугонд Паддзахад æмæ Гуырдзыстон, дипломатон ахастыты сног кæныны 30 азы юбилей банысан кæндзыстæм. Фæнды мæ ацы фадатæй спайда кæнын æмæ та уын ногæй сбæлвырд кæнон куыд стыр нысаниуæг дæтты Иугонд Паддзахад уыцы ахастытæн, кæцы нæ дыууæ бæстæйæн ис – уый фæдыл Иугонд Паддзахады премьер-министр, Борис Джонсоны официалон фыстæджы мидæг ис фыст, кæцыйы Гуырдзыстоны премьер-министр, Иракли Гъарибашвили райста. Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны хицауады администрацийы пресс-куыст.
Борис Джонсоны дзырдæй, фæстаг 30 азы дæргъы, Иугонд Паддзахад æмæ Гуырдзыстон æмкуыст кæнынц нысаниуæгджын партнерад рапарахат кæнынæн.
«Дзæбæх æмбарын уыцы факт, ома проврцирдзинадæй цух, Владимир Путины æрдгæй барæй сыххæст гуымиры бырст Украинамæ ноджы карздæр кæны уыцы быцæусидтытæ, кæцыты раз Гуырдзыстон азты дæргъы лæууы. Иугонд Паддзахад æмæ æхсæнадæмон æмгарад Дунеон нациты сæрибардзинады, демократи æмæ суверенитеты ныхзмæ ацы гом агрессийæн йæ ныхзмæ слæууыдыстæм. Фæнды мæ афтæдæр бауырнын уæ кæнон, цæмæй хъæддых йæ фарс хæцæм, Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æмæ гуырдзыйаг адæмы евро-атлантикон æвзæрстæн. Нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсын фидæн азты нæ партнерады æнæаскъхуынгæ апарахатмæ» – банысан кодта Иугонд паддзахады премьер-министр.