Болнисы муниципалитеты æмæ Марнеулы тыхмидзинады фактыл цыппар гоймагы раттой тугтæрхоны дзуаппмæ
Гуырдзыстоны МХМ Квемо Картлийы пъæлицæйы департаменты кусджытæ Гуырдзыстоны генералон прокуратурæимæ ииумæ, цæугæ азы 27 сентябры, Болнисы муниципалитеты хъæу Нахидурийы æмæ 29 сентябры Марнеулы æрцæугæ тыыхмидзинады фактыл цыппар уæнгы æрцахстой.
Уый фæдыл фидиуæн, уагдоны лæвæрд брифингыл МХМ-ы хæдивæг Владимер Борцвадзе сарызта.
«Тæрхонгæнæджы уынаффæйыл æнцойæ, 29 сентябры Марнеулы æрцæугæ тыхмидзинады фактыл ацхст сты 1987 азы гуырд политикон парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» активист æмæ 1977 азы гуырд æнæххæстбар æхсæнад «Марнеулы мунипалитеты автопаркы» къухдариуæггæнæг, кæцытæ фæндатой парти «Националон Змæлды» активстты.
Афтæма тæрхонгæнæджы уынаффæйы æнцойæ, 27 сентябры Болнисы районы Нахидурийы хъæуы политикон парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» фарсхæцджыты ныхмæ сæххæст тыхмидзинады фактыл ахст у 1986 азы гуырд «Националон Змæлды» активист, кæцы къуымых мигæнæнæй фæнадтой парти Гуырдзиаг Бæллиццы фарсхæцджыты.
Æвзæрстгæнæг комиссийы ран сæххæст тыхмидзинады фактыл, тæрхонгæнæджы уынаффæйы бындурыл, афтæдæр ахст у 1989 азы гуырд, политикон парти «Националон Змæлды» уæнг, кæцы æвзæрстгæнæг комиссийы кусæгы фæнадта. Зылынмæ лæвæрд уæнгты фыдракæнд, æфхæрд цæуы 2 азы онг æмгъуыдмæ ахстæй» – фехъусын кодта Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Владимер Борцвадзе.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, парламентон æвзæрстыты æппæт бæстæйы масштабæй æдасæй æмæ сæрибар аууæлтты ауадзыны нысанæй, цæттæдзинад æвдисынц, æмкуыст кæной кæцыфæнды интересдарæг уагдонимæ, сæнымæцы, адæмон барты хъахъхъæнæгимæ, æнæхицауадон æмæ æхсæнадæмон организацитимæ, кæцы ахъаззаг уыдзæн æвзæрстыты процессы, демократийы бæрзонд гъæдæй бахъахъхъæдæн.
«Курæг стæм куыд политикон партиты минæвæрттæй, афтæ сæ фарсхæцджытæй сæхи бауромой тыхмион архæйдтытæй, цæмæй æвзæрстытæ ауадзынæн уа сабыр, демокративон æмæ æдас уавæртæ. Науæд та, кæцыфæнды барадсæттæг лæвæрд æрцæудзæн дзуаппмæ, закъонмæ æмбæлгæйæ, æнæкæсгæ сæ политикон цæстæнгасмæ» – фехуъсын кодта Борцвадзе.
Владимер Борцвадзейы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйÆ, МХМ-ы рард у, барад хъахъхъæнын æмæ æвзæрстытæ сæрибар, демокративон æмæ æдас уавæрты ауадзын сифтонг кæнын.
«Уагдоны кæцыфæнды кусæг, стыр бæрнæй æвналы фæнысангонд хæсмæ æмæ виппайды барадон реакци æвдисы алкæцы инцидентыл. Нæ бауадздзыстæм æвзарæнон процессты т ыхмидзинады сценарийæ айтынг æмæ карз реакци уыдзæн кæцыфæнды барадсасты фактыл» – банысан кодта Владимер Борцвадзе.