Болнис æмæ  Марнеулы  муниципалитетты карантины зонæйы контрол дарддæр кæны
Болнис æмæ Марнеулы муниципалитетты карантины зонæйы контрол дарддæр кæны

Мидхъуыддæгты министрад Болнис æмæ марнеулы  муниципалитетты   карантины  зонæ карзæй  контрол  дарддæр кæны.

МХМ-ы  информацийæ,    карантины  арæнæвæрдты  скуыстæй  уайтагъддæр   сæйраг фæндæгтыл  контролон-ауадзæн пункттæ  сæвæрдтой, æрмæст  дыккаггъæдон  фæндæгты мобилон къордтæ  контрол кæнынц.  Пъæлицæйы  кусджытæ  æхсæнадон æдасдзинад хъахъхъæнынæн  муниципалитетты  горæтты æмæ хъæуты  интенсивонæй  патрул кæнынц.

«Мидхъуыддæгты  министрады  кусджытæ  бынæттон цæрджытæн  регуляронæй, деталонæй æмбарын кæнынц  карантины  зонæйы  архайæг  уагæвæрды фæдыл.

Удæгас  тыхæй  уæлдай,   карантины   периметры  иудадзыг мониторингы  процессы,  пъæлицæй  æмбæлгæ дæлхайадтæ,  уæлвæткъ уавæрты  фæткдар куысты  дронтæй  пайда кæнынц.  Болнис æмæ Марнеулы   муниципалитетты   ацы  афонмæ  уавæр æвæрццаг у  æмæ  конролы дæлбар у», – дзырдæуы МХМ-ы   информацийы.

Карантины арæнæвæрдтæ,  мидхъуыддæгты министрады  кусджытæ 24  сахаты режимæй,   паддзахадон æдасдзинады  куыстимæ координиргондæй, хъахъхъæнынады   тыхтимæ иумæ, уæлрадон  режимæй   контрол кæнынц.