Болгариаг барадхъаххъæнджытæ журналист Викториа Мариновайы марындзинады зæрдæхсайд гоймаджы рацахстой

Болгариаг  барадхъаххъæнджытæ   журналист  Викториа  Мариновайы марындзинады  зæрдæхсайд  гоймаджы рацахстой.  Ахæлиугонд информацийæ,  уый  у Румынийы æмбæстаг,   кæцымæ ис молдоваг паспорт.

Полици фылдæр информацийы раргом кæнынæй   йæхи уромы.

Викториа  Мариновайы  сабаты   сахар Русейы иуæй-иу  паркъы  мардæй  ссардтой.  Фæмардуæвæгæыл сексуалон тыхмийы   фæд нæ фæбæрæг. Бæрæг куыд  у афтæмæй,  фæдæвзарæг журналист  мæлæты цалдæр  къуыри размæ, евроцæдисы  фондтæй  Болгарийы   хицауады   суммæты  æнæзакъонон хибакæнны  цаутæ  ахуыр кодта.  Болгариаг  прокуррортæ  марындзинады   параллелонæй,  суммæты æнæмбæлонæй  райуæрстмæ гæсгæ,  GP Group-ы ныхмæ хъуыддаг æвзарын райдыдтой  æмæ   компанийы  16 милуан  доллары бæрцы  активтæ  сæхкæдтой.

Викториа  Маринова  сахар Русейы  уæвæг  телеуынынад  TVN-ы  директор æмæ дыууæ  фæдæвзарæг  алæвæрды   акæнæг  уыд.  Мард журналисты  ном ссарынæн, Русе æмæ СОфиайы  мингай  адæймаг æрымбырд.