«Блумберг» - Турк Уæрæсейæ «хоры къæлидоры» архайд адарддæры фæдыл  бадзырдтæ райдыдта
«Блумберг» - Турк Уæрæсейæ «хоры къæлидоры» архайд адарддæры фæдыл бадзырдтæ райдыдта

Турк  Уæрæсеимæ, «Хоры къæлидоры»  архайд адарддæр кæныны фæдыл бадзырдтæ  райдыдта,  уый фæдыл  «Блумберг» фыссы.  Рауагъдаы информацийæ, бадзырдтæ  31  октябр хынцгæйæ   ацæудзæн.

Турчы хицауады  минæвæрттæ  хъусын кæнынц, цæмæй   æрныхас кæндзысты Уæрæсейы  иуфарсон  рацыдмæ нæкæсгæ, оптимизмы  бындур ис.

«Блумбергы» фыссынц цæмæй  наутæ, кæцытæ   ныридæгæн бахæццæ  сты  Стамбулмæ,  басгардзысты, фæлæ  Украинайæ  хоры  наутæ  ацы рæстæгмæ  нæ рацæудзысты.

Уæрæсе  «Хоры инициативæйы» хайадисæг 218 науы змæлдыл блокировкæ сæвæрдта.  Украинайы  инфраструктурæйы  министрады  информацийæ, 9 уыдонæй   едзаг сты  æмæ нырид ныууагъдтой   Украинайы  порттæ.

29  октябры  уырыссæгтæ  райхъусын кодтой, цæмæй  уромынц  хайадист, «хоры инициативæйы» бадзырды  сыххæсты,  Хъырымы  Уæрæсейы  Сау Денджызы  флоты  науты ныхмæ  «террористон  акты» тыххæй.