«Блумберг» - Китай Уæрæсейæ йæхи дард айсын бацархйадта Украинамæ интервенцийы масштаб куы фæбæрæг ис уый фæстæ
Китай Уæрæсейæ йæхи дард айсын бацархйадта Украинамæ интервенцийы масштаб куы фæбæрæг ис уый фæстæ. Информаци хуъсын агентад «Блумберг».
Медиафæрæзты хъусинагæй Китайы фæсарæн хъуыддæгты министр Ван И райхъусын кодта, цæмæй абсолютонæй æнæмæнгхъугæ у фарсытæ сæхи бауромой,ц æмæй уавæрыл контрол бынтон ма фесæфа.
«Китай йæ цæст дары Украинайы фарстамæ æмæ нырыккон уавæр у уый, цæй фенын дæр Китайы нæ фæнды»- Китайы падзахадон медийы хъусинагæй, уцый фæдыл Ван И Стыр Британийы, Фрнацы æмæ Евроцæдисы дипломаттимæ телефонон ныхасы рæстæджы загъта.
«Хуымæтæг адæймæгты царды æмæ мулкъы æдадсзинад эффективонæй хъуамæ уа ифтонггонд, сæрмгаондæй та, хъæуы, йибахизын егъаумасштабон гуманитарон кризистæй» – æрхаста бæстæйы сæйраг дипломаты цитата Китайаг агентад «Синьхуа».
Фæнысангонд фидиуæнтæ уый фæстæ ахæлиу сты, Китайы лидер СИ Дзинпин фыццаг комментари куы сарызта сырæзт кризисы тыххæй æмæ Владимир Путинмæ телефонон ныхасы рæстæджы Украинаимæ бадзырдтæ ауадзынмæ.
Китайы фæсарæн хъуыддæгты министр фарсхæцын равдыста Украинайы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æмæ банысан кодта, цæмæй Пекин йæ фарс хæцы чысыл æмæ астæуукаг асы бæстæты интерестæн.
«Китай кæддæриддæр намысджынæй æххæст кодта æхсæнадæмон хæстæ æмæ конструктивон роль хъазыд Æппæт дунейы сабырдзинад æмæ стабилондзинад хъахъъæнынады» – банысангонд у Ван Ийы фидиуæны.
Ван Ийы фæстаг комментариты тон хъауджы у Китайы фæсарæн хъуыддæгты министрады Уæрæсейы интервенцийы райдайæны рæстæджы арызт комментаритæй. Цыппæрæмы, Путин æфсæддон операци райдаыны барамынд куы ратта, Китайы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны официалон минæвар брифингыл гуырысхойы бын бакодта цас раст уаид ныхас «Интервенцийæ» пайда кæнын, афтæма бахахх кодта Уæрæсейы хицауады фидиуæн, цæмæй гарзджын тыхтæ, горæтты артиллерион хафт нæ сыххæст кæндзысты.