Биньямин Нетаньяху – райдайæм дæргъвæтин, вазыгджын хæст, кæцы нæ тыхыбын бакодта «Хамасы» лæбурд
Израилы премьер-министры офисы фидиунæй, министрты кабинет рахаста «операцион уыннаффæты сери, кæцытæн сæ нысан у «Хамасы» æмæ Палестинæйы хицауады æфсæддон æмæ хицауадон фадæттæ скуынæг кæнын».
«Райдайæм дæргъвæтин æмæ вазыгджын хæст. Хæст нæ тыхыбын бакодта, Хамасы бырст. Фыццаг этап ацы сахатты фæуыдзæн нæ территоримæ, знаджы цы тыхтæ æрбалæбурдтой уыдонæн сæ фылдæры скуынæгæй. Иурæстæгонæй, райдыдтам бырсæнцыды формиркæнын æмæ уый адарддæр уыдзæн æнæруромгæйæ, нысæнттæм цалынмæ нæ баххæсдзыстæм уæдмæ», – райхъусын кодта Израилы премьер-министр Нетаньяху Биньямин.
Израилы премьер-министры фидиуæнæй, Израилæн йæ нысан у, Хамасæн фесафын кæна хъомад æмæ фæндон, бартхъирæн кæна æмæ разнаггад кæна Израилы æмбæстæгтæм бирæ азы дæргъы.
«Мах сæндидзын кæндзыстæм Израилы æмбæстæгты æдасдзинад æмæ фæуæлахиз уыдзыстæм», – бафтыдта ма Нетаньяху.
Израилы премьер-министры офисы фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, министрты кабинеты хаст уынаффæты æхсæн ис, электроэнергийы, æртагы æмæ базайраджы бадæттыны фæурæд.