Иоав Галант -  Хæцын райдыттам  кæм æрлæууыдыстæм  уырдгæй
Иоав Галант - Хæцын райдыттам кæм æрлæууыдыстæм уырдгæй

Израилы  хъахъхъæнынады министр Иоав  Галант  райхъусын кодта, цæмæй   «Хамас»  Израилимæ  æст фæурæды  фæдыл бадзырд куы  фехæлдта уый фæстæ, Израилы æфсæддæттæ  «æххæст  тыхтæй æрыздæхтысты хæстмæ».

«Дарддæр кæнæм   кæм æрлæууыдысты  уырдгæй»  райхъусын кодта  Галант  пресс-конференцийыл.

Афтæма йæ дзырдæй   фæстаг дыууæ боны  дæргъы   йæ цæст ахаста Газæйыл уæлдæфæй  æмæ  арæйнон  зонæ  сурзæххæй  æмæ Израилы  хъахъхъæнынады тыхты ранæуæггонд  бырсты фæстиуджыты «тынг тæлмæнгæнагæй»  схуыдта.

«Мингай  террорист  ликвидацигонд, дæсгай  штабыл  бырст  сыххæст ис,  сæдæгай   террористы æрцахстам æмæ ныр Израилы  сты. 110  уацайрагы æрыздахын у æнтыст.  Дунейы   иунæг æфсад дæр нæ баххæссыд  ахæм фæстиуæгмæ  террористон организацийы ныхмæ.  Мах бафæрæзтам,   Израилы хъахъхъæнынады тыхты  хъауры фæрцы», – райхъусын кодта  Галант.