Биньямин Нетаньяху хъусын кæны, цæмæй амынæты ссæрибар кæныны æрдгæй ис прогресс  æмæ ныфс дары, цæмæй йæм тагъд  хоз хабæрттæ уыдзæн
Биньямин Нетаньяху хъусын кæны, цæмæй амынæты ссæрибар кæныны æрдгæй ис прогресс æмæ ныфс дары, цæмæй йæм тагъд хоз хабæрттæ уыдзæн

Израилы премьер-министр  хъусын кæны, цæмæй  амынæты  уæвджыты ссæрибаркæныны фæдыл  прогресс ис æмæ  ныфс дары, цæмæй  тыгъд йæм дзæбæх  хабæрттæ уыдзæн.  Уый фæдыл Биньямин Нетаньяху  резервисттимæ фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.

«Нæ ныллæудзыстæм, цалынмæ фыццаг нысанмæ, «Хамасы» скуынæг кæнынмæ нæ баххæсдзыстæм.  Дыккаг нысан у амынæты чи ис уыдоны ссæрибар кæнын, ацы æрдгæй нын ис прогресс.  Нæ хъуыды кæнын цæмæй ныр  бирæ  зæгъын ис гæнæн, фæлæ  ныфс дарын, цæмæй мæм тагъд удызæн хорз хабæрттæ»-  райхъусын кодта Биньямин Нетаньяху.

Уæдмæ агентад «Ройтеримæ» ныхасы  «Хамасы» лидер загъта, цæмæй  Израилимæ  æрдзурынмæ хæстæг сты.

Израилы премьер-министры офисы хъусинагæй, аы изæр, бынæттон рæтæгæй 20:00 сазатыл æфсæддон  кабинеты рабадт  ацæудзæн   амынæты уæвджыты  ссæрибар кæнынимæ  баст  фæзындты фæдыл.