Бидзина Иванишвили - Хъыгагæн æхсæз аз æгæр цъус у уый тыхæй, цæмæй Гуырдзыстоны политикон ситуаци принципонæй ивд æрцыдаит [видео]
Хъыгагæн æхсæз аз æгæр цъус у уый тыхæй, цæмæй Гуырдзыстоны политикон ситуаци принципонæй ивд æрцыдаит, – уый фæдыл партий «Гуырдзиаг Бæллицц-Лемокративон гуырдзыстоны» сæрдар Бидзина Иванишвили хицаугæнæг къордимæ фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.
Иванишвили куыд банысан кодта афтæмæй, «Националон Змæлд» зæгъгæ фæстæмæ архайы виртуалон дунейы фæцæрын кæна адæмы.
«Абон у фыццаг октябрь», зонут æй, фыццаг октябрь сеппæтæй вазыгджын уæлахиздзинадмæ æрхæццæ ис нæ къорд æхсæз азы размæ. Æрымбырд стæм уый тыххæй, цæмæй принципонæй раивдтаиккам политикон ситуаци. Тынг дзæбæх хъуыды кæнут куыд уыдысты фæзындтæ æхсæз азы размæ, кæнæ 2012 азы онг. 2012 азы фæстæ куыд фæд-фæдонæй ивæм уыцы фыдуынддзинæдтæ æмæ бæстæ куыд тынг кæны æмæ йæ раст ардæмадæй куыд уадæзм , æнæ кæсгæ уымæ цыфæнды диссаг дæр ма уа, абон уыцы тыхтæ, кæцытæ иу рæстæджы бæстæйы хицауады уыдысты. абон та архайынц фæстæмæ виртуалон дунейы фæцæрын кæной адæмы. Сæхæдæг цы разнаггад кодтой уый дæр «Гуырдзиаг Бæллиццы» æфсон фæкæнын арахйынц æмæ «Гуырдзиаг Бæллицц», президенттæм цы кандидатæн рахæцыд йæ фарс, Саломе Зурабишвили, гадзрахатдзинады азымджын кæнынц». – райхъусын кодта Бидзина Иванишвили.