Берлиналейы  сæйраг приз лæвæрд æрцыд  ирайнаг режиссер Мохамад  Расулофы  фильммæ –«Фыдбылыз дзы  нæй»
Берлиналейы сæйраг приз лæвæрд æрцыд ирайнаг режиссер Мохамад Расулофы фильммæ –«Фыдбылыз дзы нæй»

Берлины  æхсæнадæмон   кинофестивалы – Берлиналейы  сæйраг приз  «Сыгъзæрин  Арс»  лæвæрд æрцыд  Мохамад  Расулофы  фильм –«Фыдбылыз дзы  нæй».

Фильмы  радзырд ис  цыппар философион  хабары  тыххæй,   кæцытæ æххæссынц  адæймаджы  зын  барæвзармæ.

Мохаммад Расулоф  хорзæхджын кæныны  церемонийыл нæуыд уымæн  æмæ   политикон мотивæй  2017 азæй   йын бæстæйæ рацæуын фæдзæхст у.  Хорзæх  йæ   чызгмæ æрцыд лæвæрд.

Берлинале  20  февралы   байгом ис  æмæ   конкурсы  19  киносурæт  иста  хайад.