Батумы, Сау Денджызы æрцæугæ спырхы фæдыл МХМ публикаци кæны фидиуæн
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад Батумы, денджызы æрцæугæ спырхы фæдыл фидиуæн публикаци кæны.
Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, фактыл фæдагуырд Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 229 статийæ цæуы.
«Арæйнон пъæлицæйы донбыл хъахъхъæды департаменты кусджытæ, тагъддзæуæн катертæй Батум æмæ Поты акваторийы афтæма наулæууæнты бæрæг кæнынц, афтæма æххæст кæнынц Анаклиайæ Сарпийы онг донбыл хаххы мониторинг. Уæлвæтк уавæрты куысты æмбæлгæ хайадтæ, специалон дронты фæрцы периодонæй мониторинг æххæст кæнынц.
Регионы уæвæг уавæры тыххæй, фæстаг периоды ахæм цаутæ сфиксир сты Сау денджызгæрон æндæр паддзахадты дæр.
Гуырдзыстоны арæйнон пъæлицæйы донбыл хъахъхъæды лепартаменты æмæ Сау Денджызы бассейны бæстæты æхсæн уæвæг æмгуыстады фæдыл форумы фæлгæтты, ивгъуыд азы дæргъы сыххæст ис информацийы алæвæрд, сæрмагондæй Болгарийы Сау Денджызы арæйнон координацион æмæ информацион центрæй æмæ Турчы националон координацион центрæй ист уыдис информаци, Сау Денджызы бæстæты арæйнон тыгъдады ( Турк, Румыни, Болгари æмæ Украина) ссардæуыд ленкгæнæг минæты фæдыл. Афтæма фехъусын нын кодтой, цæмæй æвзæр метеорологион уавæрты ( шторм) фæстиуæгæн, гæнæн уыд ленкгæнæг минæтæ дон раластаит денджызон тыгъдадмæ.
Мидхъуыддæгты министрад æмбæстæгтæм сиды, цæмæй Сау Денджызы кæнæ донбыл хаххыл гуырысхойаг мигæнæн фæфиппайыны цауы, æнæаргъæвгæйæ фехъусын кæнæт Æхсæнадон æдасдзинады фæткдæттæг центр «112»-мæ æмæ деталонæй сын бадæттæт информаци», – банысангонд у фидиуæны.