Бæстæты, кæцыты ацы аз æвзæрстытæ уыдзæн уагъд, Facebook- политикон рекламайы уагæвæрдтæ фæкарз кæндзæн

Бæстæты, кæцыты ацы аз æвзæрстытæ уыдзæн уагъд, Facebook- политикон рекламайы уагæвæрдтæ фæкарз кæндзæн

Социалон хыз Facebook уыцы бæстæты, кæцыты 2019-æм азы æвзæрстытæ сты плангонд, политикон рекламайы уагæвæрдтæ фæкарз кæндзæн. Информаци уый фæдыл агентад Reuters парахат кæны.  Сæрмагондæй, компани фæкарз кæндзæн уагæврæдтæ Украинайы, Евроцæдисы цалдæр бæстæйы, Инди æмæ Нигерийы. Снысангонд уаг социалон хызы гæды ног хабæртты парахаты ныхмæ сты здæхт. Facebook архайы æвзарæнон процессы бастдзинадæй хибахизын.

Социалон хызы бæрнонтæ сидынц, цæмæй 16-æм январæй фæкарз уыдзысты пайдайы уаг Нигерийы, кæцыйы президентон æвзæрстытæ сты плангонд.